Æртæ ирон хъайтары кадæн

0
331

Ирон театры уыд нæ номдзыд инæлартæ Плиты Иссæ, Хетæгкаты Георги æмæ Мамсыраты Хаджумары райгуырды 120 азы кадæн номарæн изæр.

Кадджын изæры архайджытæн раарфæ кодта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, бакаст Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы Арфæйы фыстæг.
— Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын уыд сæ царды нысан, кадджын изæр у номдзыд патриоттæн, æцæг æфсæддон дæснытæн цыт кæныны мадзал. Уырны мæ, фидæны фæлтæртæ дæр сæ сæрыстыр кæй уыдзысты, кæй фæзмдзысты сæ хæрзæгъдаудзинад æмæ Фыдыбæстæмæ ахаст, — загъд ис фыстæджы.
Диссаг куыд нæ у, армыдзаг адæм стæм, афтæмæй Ирыстоны зæххыл иу аз æртæ инæлары райгуырæд, зæгъгæ, йæ раныхасы бафиппайдта Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг Плиты Сергей.
— Юбилейы фæдыл кадджын мадзæлттæ цæуынц Ирыстоны хуссарварсы, архайынц дзы республикæйы Президент Гаглойты Алан, Парламенты æмæ Хицауады минæвæрттæ. Плиты Иссæ сидзæрæй схъомыл, йæ чысылæй фæстæмæ тырныдта æфсæддон хъуыддагмæ, — дарддæр хæццæ кодта йæ ныхас Плийы-фырт.
Сæ хъуыддæгтæй æртæйæ дæр ном скодтой сæхицæн, сæ мыггагæн, Ирыстонæн. Кæддæриддæр æнгом баст уыдысты сæ райгуырæн зæххимæ. Афтæ рауад, æмæ Ручъы ‘фцæджы арæзтад царды нæ рацыдаид, Плиты Иссæ Цæдисы разамындæн куы нæ бамбарын кодтаид, фыццаджыдæр, фæндаджы æфсæддон ахадындзинад, уæд гæххæттыл баззадаид. Æмæ цал ахæм хъуыддаджы сарæзтой нæ зындгонд æмзæххонтæ…
Сæ фæдонтæ дæр аккаг фæлтæр сты, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы сæхи хъæбатырæй æвдисынц. Сæ ном сын ссардтой, зарæг «Уырдыг æрлæууæм»-мæ лæугæйæ хъусгæйæ, азарыд æй паддзахадон камерон хоры солист Даниял Корноухов. Изæры зæлыдысты Иссæйы номыл конд, стæй йæ уарзон зарджытæ. Акодтой сæ Тасойты Игор, камерон хор «Алани», паддзахадон филармонийы нæлгоймæгты хор. Изæр саив кодтой республикæйы раззагдæр коллективтæ — паддзахадон академион ансамбл «Алан» æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл университеты адæмон кæфтыты ансамбл «Ирыстон».
Плиты мыггаджы номæй Арфæйы гæххæттытæ радтой республикæйы æхсæнады царды раззагдæртæн.

Бекъойты Ларисæ,
авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here