РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло зæрдиаг арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны мадæлтæн Мады боны фæдыл. Республикæйы разамонæг сын бузныг загъта рæзгæ фæлтæримæ сæ удуæлдай хъомыладон куысты тыххæй.
— Алы адæймагæн дæр зæххыл ныййарæг мадæй зынаргъдæр нæй! Фæнды мæ, ацы залы чи бады, уыдонимæ та нæ республикæйы æппæт сылгоймæгтæн дæр стыр арфæ ракæнын уæ диссаджы æвзыгъд кæстæрты, уæ æвæлмæцгæ уæздан куысты тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, стыр цæрæнбон, амонд æмæ кæстæрты хорздзинад! Уадз, æмæ уæ алкæй хæдзар дæр йедзаг уа амонд, рухс æмæ хъæлдзæг худтæй, —арфæ ракодта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ, ныййарæджы хæстæ зæр- дæбынæй чи æххæст кæны, сывæллæтты хъомыладмæ стыр бавæрæн чи хæссы, уыцы мадæлтæн лæвæрд æрцыд «РЦИ-Аланийы Мад-хъайтар»-ы кадджын ном.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.














