Æнæниз æмæ хъæлдзæг сабийæ хуыздæр ницы ис. Ууыл архайынц 71-æм рæвдауæндоны кусджытæ. Разамынд сын ныр 23 азы, дæтты дæсны педагог, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты рауагъдон Куыдзиаты Светланæ.
Рæвдауæндон фыццаг хатт йæ дуæрттæ байгом кодта 1978 азы Хуссайраг поселочы хъæдыкуыстгæнæн фирмæ «Хъазыбеджы» кусджыты рæзгæ фæлтæрæн. Кæртмæ бахизгæйæ дæр бæрæг у, хорз фæтк æвæрд дзы кæй ис, уый. Хъазæн фæзæн йæ алы къуым дæр — аргъауы хуызæн, алыхуызон ирд ахорæнтæй ахуырст, херытæ, сæрдыгон беседкæтæ, цъæхвæлыст. Æрвылбон ардæм цингæнгæ уайынц 200 чызджы æмæ лæппуйы, æмæ сыл хи хъæбултау аудынц рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ. Сабиты райсынц дыууæаздзыдæй.
— Ныртæккæ нæ рæвдауæндоны ис 10 къорды. Мадæлтæ ныл сæ хъæбулты бон-изæрмæ баууæндынц, æмæ хъуамæ сæ зæрдæхудты мацæмæй бацæуæм, — зæгъы Светланæ. — Стыр æргом здахæм экологон, хъомыладон куыстмæ. Нæ чысыл цæхæрадоны сывæллæттæ сæ хъомылгæнджытимæ æрзайын кæнынц халсартæ, — хъæдындз, нуры, къабуска, нартхор, джитъри æмæ пъæмидор, стæй нартхор, дыргъбæлæстæ дæр нæм ис.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн лæвæрттæ, сывæллæтты къухæй конд дзаумæттæ æмæ фыстæджытæ арвыстам, æмæ нæм дзуапп дæр ссыдис. Цæмæй нæ сабитæ æнæниз уой, уый тыххæй сын æрвылбон вæййы физкультурæ, сæ фынгтыл — æнæмæнгæй, æхсыры продукттæ, дзидза, кæсаг, дыргътæ æмæ халсартæ, адджинæгтæ.
Хæдзардзинæй сæ цæттæ кæнынц дæсны хæринаггæнджытæ Бясты Анжелæ, Джиоты Неля, Дзукъаты Наирæ æмæ Гаглойты Ирмæ.
Ирондзинад цæмæй сæ фыццаг къахдзæфтимæ банкъарой, уый тыххæй рæвдауæндоны кусы дыууæ полилингвалон къорды. Ахуырадон процесс дзы цæуы мадæлон æвзагыл. Сабитимæ дæсны кусынц Дзуццаты Вандæ, Дауыраты Мæдинæ, Тагъаты Алетæ, Æлборты Ларисæ.
— Мæ куыст зæрдæйæ уарзын, æхсызгон мын у, сабиты нымæц фылдæр кæй кæны. Кæстæртæ цы хъæубæсты ис, уымæн тыхджын у йæ фидæн, — зæгъы фæлтæрдджын хъомылгæнæг Æлборты Ларисæ.
Куыстыл æнувыд у æппæт коллектив дæр. Арфæйы ныхæсты аккаг сты Наталья Горбатых, Светланæ Песецкая, Кокойты Анжелæ, музыкæйы ахуыргæнджытæ Куыдзиаты Ларисæ æмæ Наталья Ревия. Уыдоны фарсмæ арæхстджынæй кусынц æрыгон хъомылгæнджытæ. Дзæбæхгæнæн физкультурæ та сабитæн амоны Дзодзыккаты Земфирæ. Кæрты сыгъдæгдзинадмæ кæсынц Цыбырты Настя æмæ Валя.
Рæвдауæндонæн алывæрсыг æххуыс кæнынц Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы хицау Батырты Аслан, йæ хæдивджытæ Нартыхты Лаурæ, Къорнаты Арсен, специалисттæ Хъæрджынты Маринæ, Наталья Скобко.
Æнгом æмгуыстад сын ис поселочы 8-æм астæуккаг скъола æмæ библиотекæимæ. Кæддæриддæр сæ фарсмæ æрбалæууынц Хуссайраг поселочы администрацийы сæргълæууæг Касаты Болат, специалист Хортиты Валодя æмæ сабиты ныййарджытæ.
Æрæджы рæвдауæндоны сарæзтой диссаджы хъæлдзæг æмæ зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон — армукъа. Цы бирæ уазджытæ сæм æрбацыд, уыдонимæ — «Рæстдзинад»-ы минæвæрттæ дæр. Æцæг армукъайы куыд вæййы, афтæ тæрхæджытæ дзаг уыдысты алыхуызон хойрæгтæй, — адджинæгтæ, дыргътæ, лауызтæ, ирон кæрдзын æмæ хæрыны нас, чъиритæ. Алырдыгæй хæрздæф цыдис. Челæхсаты Мæдинæйæн ацы рæвдауæндонмæ цæуы æртæ фырты — Георги, Алан æмæ Сослан, сæ мадимæ бацæттæ кодтой хиконд дзаумæттæ, скодтой хæринæгтæ æмæ сæ армукъамæ æрбахастой.
Кæрты иннæ фарс та иумæйаг хъазт сарæзтой, кафыдысты æмæ зарыдысты хъæлдзæгæй.
Бирæ арфæйы ныхæстæ фехъуыстой уыцы бон рæвдауæндоны кусджытæ æмæ сæ фыдæбонæй райгонд уæнт кæддæриддæр.
Гугкаты Жаннæ,
къамтæ систа
Хъайырты Дианæ