Ивгъуыд къуыри Хъуылаты Базийы номыл спортивон галуаны самбойæ цыдысты РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл гом ерыстæ æрыгæтты ‘хсæн.
РЦИ-Аланийы спортсментæй уæлдай, гауызыл сæ арæхстдзинад æвдыстой Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкес, Цæцæн æмæ Дагестаны республикæты самбисттæ.
Ерыстæ арæзт æрцыдысты Уæрæсейы самбойы 85 азы æмæ нæ бæстæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрады 100 азы кадæн. Сæ гом кæныны мадзалы спортсментæ æмæ спортуарзджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Александр Пациорин, РЦИ-Аланийы самбойы федерацийы президент Фидараты Таймураз, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы фæсивæдон политикæ, Физикон культурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Хъуыбæтаты Тимур æмæ йæ хæдивæг Айларты Зауыр, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады нымæрдар Едзойты Марат.
250 æрыгон самбисты ерыс кодтой дыууæ кары 10-13 æмæ 14-16 азы онг.
Дыууæ къорды дæр æвзонг спортсменты ерыстæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Нæ кæстæртæ тырныдтой самбойы рæсугъддзинад равдисынмæ, æмæ дзы бирæтæн уый сæ къухы бафтыд.
Хæрз æрыгон самбистты (10-13-аздзыд) ‘хсæн ирыстойнаг лæппутæ рамбылдтой: дыууæ 1-аг, æртæ 2-аг æмæ фараст 3-аг бынæттæ.
1-аг бынæттæ рамбулæг систы: 35 кг — Дзадзиты Тимур (тренер Илья Циклаури) æмæ 60 кг — Руслан Кабин (тренер Колыты Игор); 2-аг бынæттæм рацыдысты: 34 кг Козаты Руслан (тренер Козаты Алан) æмæ 50 кг — Хацырты Тимур (тренер Козаты Алан); 3-аг бынæттæ бацахстой: 42 кг — Танделаты Барсæг æмæ Тедеты Марик, 46 кг — Козаты Давид æмæ Хосроты Ренат, 50 кг — Руслан Зиатулин, 55 кг — Чекойты Георги, 60 кг — Бежанты Сæрмæт, 65 кг — Джиоты Владислав æмæ Алæгаты Георги.
Сæ бацæттæгæнæг тренертæ сты: Илья Циклаури, Козаты Алан, Дзуццаты Эдуард, Хуыгаты Юри, Колыты Игор, Хъоцыты Тамерлан (РХИ), Хуыбаты Уча æмæ Дзабиты Олег.
Ацы кары иннæ уæзты 1-аг бынæттæ бацахстой: 31 кг — Аммар Кумышев (КБР), 34 кг — Амир Гендугов (КБР), 42 кг — Мухаммаж Жиляев (КБР), 46 кг — Константин Заводов (Хъ УР), 50 кг — Имран Берхамов (КБР), 55 кг — Рашид Тарамов (ЦР), 65 кг — Умар Дашиев (ЦР).
14-16-аздзыд самбистты ерыстæ рауадысты ноджы цымыдисагдæр. Ацы кары дæр ерыстæ цыдысты фараст уæзы, æмæ дзы РЦИ-Аланийы спортсментæ рамбылдтой 20 хæрзиуæджы. 1-аг бынæттæм рацыдысты: 46 кг — Кокайты Давид (тренер Илья Циклаури), 49 кг Иван Федин (тренер) Александр Карамышев), 64 кг — Чертхъоты Сослан (тренер Хуыбаты Уча), 71 кг — Исахъты Давид (тренер Козаты Алан).
Иннæ уæзты фыццаг бынæттæ бацахстой: 53 кг — Темирлан Каншоев (КБР), 58 кг — Джамал Хиясов (РД), 79 кг — Атмир Мамиев (КБР), 88 кг — Хъуылымбегты Феликс (РХИ, тренер Хъотайты Дмитри), 88 кг+ — Магомед Шурапудинов (РД).
Нæ лæппутæ цыппар сыгъзæрин майданæй уæлдай ма рамбылдтой фондз æвзист æмæ æртындæс бронзæ майданы.
Æвзист майдантæй хорзæхджынгонд систы: 58 кг — Икъоты Георги, 64 кг — Бызыккаты Давид, 71 кг — Ренат Зинатулин, 79 кг — Кобесты Таймураз (РХИ), 88+ — Кокойты Таймураз (РХИ). Сæ бацæттæгæнæг тренертæ сты: Тедеты Феликс, Хуыбаты Уча, Илья Циклаури æмæ Хъотайты Дмитри. Ацы тренерты хъомылгæнинæгтæ ма рамбылдтой 13 бронзæ майданы.
Ерысты ацыдæй разыйæ баззадысты нæ бирæ уазджытæ, æмæ уый уыд уæлдай æхсызгондæр сæ саразджытæн.
Самбойæ нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Гаситы Петр не ‘взонг самбистты архайд банымадта хорзыл: «Нæ кæстæртæ цы тырнынад равдыстой самбойы рæсугъддзинад равдисынмæ, уый æхсызгон хъуыддаг у. Кæд алцы сæ къухы нæма ‘фты, уæддæр сæ архайдæй зæрдæ барухс вæййы. Самбо у, царды чи бахъæуы, ахæм спорты хуыз, æмæ мах бузныг стæм йе ‘рхъуыдыгæнджытæй. Хъуамæ уыцы хæрзгæнджыты нæмттæ рох ма кæной нæ ног фæлтæртæ. Мах бузныг зæгъæм, нæ абоны ерыстæ саразынмæ нæм йе ‘ххуысы хай чи бахаста, уыдонæй. Уыдон сты Уæрæсе æмæ РЦИ-Аланийы самбойы федераци, Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци, нæ республикæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрад. Уæлдай арфæйы аккаг сты бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари» æмæ йæ сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уыдон та сæхимæ райстой нæ хæрдзты фылдæр хай. Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвзæрст æрцæудзысты, ацы кары иугонд командæйы рæнхъыты Уæрæсейы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты иумæйаг ерысты чи хæцдзæн, уыцы самбисттæ. Ерыстæ кæд цæудзысты, уый сбæлвырд уыдзæн фæстæдæр».
Баскаты Уырызмæг