РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скодта æрвылазон комкоммæ эфир æмæ дзуаппытæ радта цæрджыты фарстытæн. Эфир уыд телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы, цыд æртæ сахаты дæргъы. Ныхас рауад æхсæнадон транспорты, ахуырады къабазы рæзты, уæлбар лæггæдтæй пайда кæнæг адæмæн хостæ лæвар дæттыны, æхсæнадон фæзуæтты æмæ фæндагон инфраструктурæйы ахсджиагдæр фарстатыл.
Телестудиимæ бастдзинады уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар, йæ хæдивджытæ, æххæстгæнæг хицауады минæвæрттæ, районты хицæуттæ.
Æххуысы мадзæлттæ
Уæрæсейы Президенты уынаффæйæ 2024 аз нымад æрцыд Бинонты азыл, уымæ гæсгæ фарстытæ уыдысты бинонтæн æххуысы мадзæлттыл. Сергей Меняйло бахæс кодта Финансон ведомствæйы æмæ Фæллой æмæ социалон рæзты министртæн, цæмæй рагацау сбæлвырд кæной æххуысы регионалон нысантæ. Уыдоны руаджы бинонты институт рæздзæн. Ныр уал сфæнд кодтой, фыццаг сывæллон кæмæн фæзынд, уыцы 25-аздзыд сылгоймæгтæн бафидын фæйнæ 50 мин сомы. Æнхъæлцау сылгоймæгтæн сæ цæрæн бынæттæ кæм сты, уый нæ нымайгæйæ, иннæ аз æппæт арæндæтты ноггуырдтæн дæтдзысты комплекттæ.
Фæндæгты уавæр
Мæздæджы районы Комаровойы хъæуы цæрæг Икъоты Аркадийы фарст баст уыд Руденкойы уынг асфалтæй сæхгæнынимæ. Хъæуыхицау Адырхаты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй Мæздæджы районы бюджеты фæрцы 2024 азы фæндагмæ базилдзысты. Ногиры хъæуы автомобилон хиды фарст дæр рæгъмæ рахастæуыд. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсейы Президент сæвæрдта республикæйы куырдиатæн федералон бюджетæй фæрæзтæ радих кæныны хæс.
«Хид æртæ мæймæ нæ саразынц. Бирæтæ уымæ æнхъæлмæ кæсынц. Мах уал нæхи хардзæй проектон-хæрдзты гæххæттытæ скодтам, паддзахадон экспертизæ ацыд. Арæзтады æмгъуыд у 12 мæйы. Фæзмæ рацæуынмæ цæттæ стæм, куыддæр нæм бюджеты æхца æрхæццæ уа, афтæ. Кæнæ ацы азы кæрон уыдзæн, кæнæ та иннæ азы райдайæны. Иннæ аз куыстытæ райдайдзыстæм,» — загъта Сергей Меняйло. Дзæуджыхъæуы Гагарины уынгмæ базилыны куырдиат балæвæрдта Вероникæ Зимина. Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ»-мæ гæсгæ 2024 азы æртыккаг кварталы бавналдзысты Доваторы проспектæй Къостайы проспектмæ фæндаджы километр цалцæг кæнынмæ.
Æхсæнадон транспорт
Джызæл æмæ Ногиры хъæуты цæрджытæй æппæты фылдæр хъæстытæ цæуы æхсæнадон транспорты куысты тыххæй. Уыдæттæ сты регионы разамынддæттæн центры хатдзæгтæ. Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ Хицауады размæ æвæрд æрцыд транспортон реформæ саразыны хæс. Документтæ барæвдз кодтой, ног автобустæ æлхæндзысты, бæлццæттæ ласгæйæ, лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ хъус дарын хъæуы. Ныр уал маршрутон хыз раивтой.
«Фыццаг ног 67 автобусы радтам Дзæуджыхъæу-Алагир æмæ Дзæуджыхъæу-Беслæны маршруттæн. Республикæ лизинджы руаджы уæлæмхасæн автобустæ исы. Хъуамæ æмдзугæнæг маршруттæ саразæм, транспорт балхæнгæйæ, муниципалон скондты ‘хсæн маршруттæ ауадздзыстæм. Уым уыдзысты Джызæл æмæ Ногир дæр», — фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.
Дзæуджыхъæуы цæрджыты тыхсын кæны трамвайты змæлды график. Сергей Меняйло бафæдзæхста Нымæцон рæзты комитетæн, цæмæй бакусой онлайн-æфтуаныл, уæд æхсæнадон транспорты змæлдмæ цæст дарæн уыдзæн. «Кæд трамвай скъæрджытæ нæ фаг кæнынц, уæд горæты администраци скæны ахуыртæ, специалисттæ фæзынынц. Хъуамæ трамвайтæ цæуой линитæм, лæггæдты хæрзхъæддзинад дæр хъуамæ уæлдæр кæнæм. Нымæцон рæзты комитет бакусдзæн онлайн-æфтуаныл, адæм зондзысты вагæтты змæлд, цалæй рацыдысты куыстмæ, уыдæттæ», — дзуапп радта Сæргълæууæг.
Сæрмагонд æфсæддон операци æмæ Черниговскаг районæн æххуыс
Ныхасы стырдæр хай бацахста сæрмагонд æфсæддон операци. Сæргълæууæгимæ бастдзинады фæрæзты руаджы рацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Уыдон республикæйы Сæргълæууæгæн йе ‘ххуысы тыххæй бузныг загътой. Сергей Меняйло сæм фæсидт, загъта сын, «… Уæхи хъахъхъæнут, Уастырджийы фæдзæхст ут. Бузныг, лæппутæ!» Куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрад кусы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы паддзахадон фондимæ. Уыдон æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ бинонтæн, ветерантæн.
Запорожьейы райтыгътой æххуысхъуаг сабырцæрæг адæм æмæ хæстонтæн гуманитарон æххуысы иугонд центр. Ардæм хæццæ кæнынц гуманитарон æххуыс, сæрмагонд фæрæзтæ, хъæугæ техникæ, æфсæддонты бинонтæй æрвыстæгтæ, хостæ. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, æххуысы хыз сарæзтой 2022 азы мартъийы, уый кусы бæстон æмæ хуыздæргæнгæ цæуы. «Мах кæддæриддæр уæ цуры стæм æмæ уыдзыстæм», — загъта Сæргълæууæг.
Телестудимæ бастдзинады фæрцы рацыд Запорожьейы облæсты ахуырады министр Еленæ Шапурова. Уый Цæгат Ирыстонæн бузныг загъта йе ‘ххуысы тыххæй. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон йе ‘ххуысы хай кæндзæн дарддæр дæр. «Цытæ сарæзтам, уыдæттæм æркæсдзыстæм, фæнысан кæндзыстæм, цы ма хъæуы саразын, уыцы фарстатæ дæр. Дарддæр дæр кусдзыстæм, хæларæй цæрдзыстæм», — загъта Сергей Меняйло.
Стадион «Спартак»
Республикæйы стадион «Спартак»-ы арæзтадон куыстытæ рæвдз кæй цæуынц, уый тыххæй загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. Йæ цæттæдзинад хæццæ кæны 65 процентмæ. «Стадионы арæзтады диссагæй ницы ис, проектмæ ногæй æркастыстæм, æхца райстам. Уыимæ, зындзинæдтæ уыд, фæлæ фæсте аззадысты. Ныр хъуамæ 15 маймæ премьер-лигæйы бацархайыны тыххæй куырдиат бадæттæм. Уæдмæ не спортивон фæз цæттæ уыдзæн 100 процентæй», — загъта Сергей Меняйло.
Æнæхицау цæрæгойтæ
Ацы фарст систа Зæнджиаты Светланæ, тынг æй тыхсын кæнынц æнæхицау стурвос. Комкоммæ эфиры Сæргълæууæг районты разамонджыты размæ сæвæрдта фосхизæн бынæттæ сбæлвырд кæныны, гæххæттытæ сын саразыны хæстæ. «Фæлæ, уæддæр уымæй фос уынгтæй аиуварс кæнæн нæй. Хъуамæ сæм каст уа. Районтæй иуы сарæзтам æнæхицау фосы иварисæн фæз. Куыд кусдзæн, уый фендзыстæм æмæ дарддæр кæсдзыстæм», — ахæм уыд разамонæджы хатдзæг.
Мæздæджы æмæ Æрыдоны районты цæрджытæ хъаст кодтой æнæхæдзар куыйтæй. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы питомник фæуæрæхдæр кодтой 12 хатты. «Мæздæджы бавнæлдтам æнæхæдзар куыйтæн бынат аразынмæ, Æрыдоны район æмгъуыдтæ нæ сæххæст кодта, сæ бон нæ бацис æнæхæдзар куыйтæн бынат саразын. Ныр хъуамæ уыцы æхца фæстæмæ раздахой республикæйы бюджетмæ», —загъта Сæргълæууæг.
Ахуырад æмæ наукæ
Ахуырады фарстатæ бацахстой рæстæг. «Рæстæг домы, цæмæй скъолайы агъоммæ, скъолайы, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырадмæ æндæр цæстæй акæсæм. Курдиатджын сывæллæтты центр «Вершина» байгом кодтам, скъолаты «Рæзты тæлмытæ» кусынц, ис нæм кванториум. Инженерон цæттæдзинадмæ хъус дарæм, уыцы дæсныйæдтæ агуырд цæуынц. Цалдæр мæскуыйаг институтимæ бафыстам бадзырдтæ, хъуамæ нæ ахуырады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнæм. Размæ змæлæм, немæ разы сты бæстæйы Ахуырад æмæ наукæйы, Рухсады министрадтæ, Наукæты академи. Æрмæстдæр финанстæ æмæ кредиттæ, юриспруденци ахсджиаг куы уыдысты, уыцы рæстæг фæсте аззад. Инженеры дæсныйад райсыныл чи ныххæцыд, уыцы адæймагæн йæ авналæнтæ парахатдæр уыдзысты. Педагогон кадрты фарстатæм дæр стыр æргом здахæм, æрыгæттæ фыццаг аз исдзысты мызды уæлæмхасæн 70 проценты, дыккаг аз та — 50 проценты. Скъолатæн фæстæмæ радтам разæнгардгæнæн, фæсурокты, педагогон стыр стажы тыххæй фиддонтæ», — радзырдта Сергей Меняйло.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабаз
Цæрæнуатон-коммуналон хадзарады къабазы тыххæй фарстатæ дæр бирæ уыдысты. Коммуналон лæггæдты тыххæй фиддон кæй фæфылдæр, уыцы фарстæн Сæргълæууæг радта ахæм дзуапп: «Уæрæсейы Хицауады Уынаффæйæ алы регион дæр йæхæдæг æвæры тариф фæбæрзонддæр кæныны бæрц, фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ йæ мах 14 проценты фылдæр фæкæндзыстæм». Уымæй уæлдай, хъуамæ баиу кæной республикæйы электрон хæдзарады куыстуæттæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хæстæ айсдзысты æмæ йæ рацараздзысты. Хъуамæ адæммæ лæггæдтæ хæрзхъæдæй хæццæ кæной.
Ацы аз кæронмæ æрхæццæ бырондæтты рацарæзт, арæзтадон æппарæццæгтæ æфснайыны бынат сбæлвырд кæндзысты 2024 азы, фæстæдæр сæ бакусдзысты. Комкоммæ эфиры рæстæг куыста колл-центр, фадат уыд фылдæр фарстатæ райсынæн. Æдæппæтæй райстой 1500 куырдиаты, фарсты. Эфиры чи нæ райхъуыст, уыцы фарстытæн дзуаппытæ ратдзысты районты æмæ республикæйы æххæстгæнæг оргæнты бæрнон кусджытæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ














