Ног фатертæ — ног цардæн

0
219

Беслæны кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм ацы мæй раивдзысты 24 бинонты. Бирæуæладзыгон ног хæдзары арæзтад Фрийы-фырты уынджы кæронмæ фæуыдзæн декабры.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ.
Ведомствæйы куыд бацамыдтой, афтæмæй арæзтадон куыстытæ ныридæгæн сæ тæмæны сты. Фæстаг, æртыккаг уæладзыджы сæр æмбæрзыныл, фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты монтажгæнæн æмæ пъолтæ æвæрыныл архайд цæуы æнæкъуылымпытæй.
«Ног фатертæм чи æрбаива, уыцы адæмæн агъуыстытæ лæвæрд цæудзысты æппæт фадæттимæ дæр, цалцæгимæ», — загъдæуы профилон ведомствæйы хъусынгæнинаджы.
Куыстытæ цæуынц федералон программæйы бындурыл, национ проект «Жилье и городская среда»-йы нысантæм гæсгæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here