Цæгат Ирыстон-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй скъола йæ хуыз скалдта, дзуапп дæтты нырыккон æппæт домæнтæн дæр, зонындзинæдтæ райсынæн дзы ис алцы уавæртæ дæр. Ног уавæрты ахуырадон уагдон йæ дуæрттæ байгом кодта 130 ахуырдзауæн.
— Абон æхсызгон хабар æрцыд æгас республикæйыл дæр. Мах гом кæнæм, нысангонд цы 66 скъолайы уыд, уыдонæй 65-æм. Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн сывæллæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн ахæм диссаджы финансон фæрæзтæ райсын йæ бон кæй бацис, уый тыххæй. Ахуыргæнджыты коллективæй та курæг дæн, цæмæй саразой æмхуызон уавæртæ æппæт сывæллæттæн дæр. Æппæты сæйрагдæр чи у скъолайы? Кæй зæгъын æй хъæуы — сывæллон. Ацы скъолайы цыдæриддæр конд цæуы, уый хъуамæ арæзт уа ахуырдзауты хъомысæн, — зæгъы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, фæстаг дыууæ азы ацы районы у цыппæрæм цалцæггонд скъола.
Рубайты Нелли














