Бирæ зындзинæдтæ æмæ бæллæхтæ баййæфта нæ райгуырæн зæхх. Бирæ туг ныккалдтой нæ бæгъатыртæ йæ сæрибардзинады сæраппонд… Кæцæй равзæрынц сæ удты уыцы сгуыхтытæ? Цавæр æхсырæй хаст вæййынц? Тынг бирæ сты, Ирыстоны кой дардмæ чи айхъуысын кодта, уыцы хъæбатыртæ. Ирон сылгоймаг сæ ныййардта, Фыдыбæстæ уарзын æмæ сæ рæстдзинадыл чи ахуыр кодта, ныфс сын чи лæвæрдта, ахæм ирон мад.
Уыцы хъæбатыртæй иу у Хъайтмазты Сосланы фырт Феликс. Райгуырд 1987 азы 4 августы. 1994 азы сси Галоны астæуккаг иумæйаг скъолайы ахуырдзау. Æхсæз къласы дзы сахуыр кодта, стæй рацыд Мызуры астæуккаг скъоламæ. Каст æй фæци æмæ дарддæр бацыд ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы электронон колледжмæ, уый фæстæ та — Дзæуджыхъæуы хæххон-металлургон техникумы электромеханикон факультетмæ. Каст æй куы фæци, уæд йе ‘фсæддон хæс æххæст кодта Комийы, Æфсæддон-уæлдæфон тыхты. Йæ райгуырæн уæзæгмæ куы æрыздæхт, уæд аст азы бакуыста бæгæныфыцæн завод «Бавария»-йы. Æрхæццæ бинонты хъуыддаг бакæныны рæстæг. Феликс йæ цард баиу кодта йæхи хъæуккаг чызг Габолаты Ланæимæ. Йæхицæй фæлмæндæр адæймаг, уæздандæр æмæ æгъдауджындæр сылгоймаг нæй. Ланæ у хæрзуд æмæ хæларзæрдæ адæймаг.
Рæдау, фæлмæнзæрдæ лæппу, æууæнкджын æрдхорд æмæ цардæмбал, æгъдаудæттæг кæстæр, августы ацыд барвæндонæй сæрмагонд æфсæддон операцимæ æмæ, хъыгагæн, нал æрыздæхт, баци хæсты амæттаг. «Франк», — афтæ йæ хуыдтой йæ хæстон æмбæлттæ… Феликс æрæджы сси дыууæ сабийы — лæппу æмæ чызджы фыд. Нæ бафсæст, рагæй кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы хъæбулты уындæй. Иунæг хатт ссыд цыбыр рæстæгмæ Мызурмæ, йæ уарзон бинонтæм, йæ дыууæ сабийы фенынмæ.
Зианыл æртæ боны фæкæуынц, фæхъыг кæнынц, Хъайтмазтæ та се ‘намонд фыртмæ æнæхъæн къуыри æнхъæлмæ кастысты. Фела… афтæмæй йæ зонынц иууылдæр. Куыд тынг зын ыл у ивгъуыд афоны дзурын, йе ‘намонд ныййарджытæ Сослан æмæ Заремæйæн, йæ иунæг æфсымæр Зауырæн, йæ мæгуыр уарзон сылгоймаг Ланæйæн. Хъайтмазты бинонтæн сæ адджын хъæбул æмæ æфсымæрыл, уарзон цардæмбалыл сæ цæстытæй цæссыгтæ нæ, фæлæ туджы æртæхтæ калд. Цас адæм æрбамбырд кодта Феликс, цал æмæ йыл цал зæрдæйы фæрыст, цас цæссыг ыл фезгъæлд… Дзыллæйы рыстæй ма суанг хæхтæ дæр рызтысты.
Фæзæгъынц, адæймаг цæры, цалынмæ йæ хъуыды кæнынц æмæ мысынц, уæдмæ. Никуы æмæ никæмæй ферох уыдзæн Хъайтмазты æдзард лæппу Феликс дæр.
Фела, рухсаг у æмæ дзæнæты бад. Дæ фæдыл цы бинонтæ, хиуæттæ, хæстæджытæ, къабæзтæ, хъæубæстæ ныууагътай, уыдоныл цардаудæн кæн. Дæ дыууæ уарзон хъæбулы Азæмæт æмæ Валерия æнæнизæй бахъомыл уæнт, царды хæрзтæй хайджын уæнт. Уырны мæ, дæ ном дын бæрзæндты кæй хæсдзысты, уый, уымæн æмæ хъæбатыр хæстоны цот сты.
Рæмонты Алинæ,
Мызуры поселочы цæрæг














