«Иугонд Уæрæсе»: азы рагагъоммæйы хатдзæгтæ æмæ хæстæгдæр фидæнмæ нысантæ

0
185

Дзæуджыхъæуы уыд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады радон конференци. Æмбырды архайджытæ рагагъоммæ хатдзæгтæ скодтой 2023 азы архайдæн, стæй æрдзырдтой хæстæгдæр фидæны куысты нысантыл.

Конференцийы куысты архайдтой æмæ раныхас кодтой партийы регионалон хайады нымæрдар, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, республикæйы Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутаттæ, республикæйы муниципалитетты æвзæрст делегаттæ, стæй хуынд адæм.
Æмбырд байгом кæнгæйæ, Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы цæрджыты ‘хсæн æппæты кадджындæр у «Иугонд Уæрæсе». Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, уымæн æвдисæн сты, ацы азы дæргъы муниципалитетты цы бынæттон æвзæрстытæ уыд, уыдоны бæрæггæнæнтæ дæр.
«Зæгъæм, ацы азы республикæйы 5 муниципалон районы арæзт æрцыдысты алы æмвæзады 21 æвзарæн мадзалы. Æппæт уыцы кампаниты дæр «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ зæрдиагæй архайдтой. Æмæ нæ партийы кандидатты къухы бафтыд хорз бæрæггæнæн. Афтæ, æппæт 116 депутатон мандатæй «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæм æрхауд 96 бынаты. Бынæттон администрациты сæргълæуджыты æвзæрстытæ та цы 11 цæрæн бынаты цыдысты, уыдонæй 8 хъæуы фæуæлахиз сты нæ партийы уæнгтæ», — бафиппайдта Сергей Меняйло.
Республикæйы разамонæг æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, 2024 азы дæр ахсджиаг æвзарæн мадзæлттæ арæзт кæй æрцæудзæн, уый. Афтæ, мартъийы уыдзысты Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæ. Фæззæджы та цалдæр æвзарæн кампанийы архайдзысты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Зæгъæм, сентябры æвзæрст æрцæудзысты Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутаттæ дæр.
«Сæвзæргæ æууæлтæ хынцгæйæ, зæгъæн ис, президентон æвзæрстытæ хуымæтæг уавæрты кæй нæ цæудзысты, уый. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, не ‘ппæт хъарутæ дæр хъуамæ æрбангом кæнæм, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой æмбæлгæ уагыл. «Иугонд Уæрæсе»-йы сæйрагдæр хæсыл нымайын æвзарæн кампанийы зæрдиагæй архайын æмæ нæ фарсхæцджыты æргом æнæмæнгæй хъæлæс кæнынмæ раздахын», — фæбæлвырд кодта йæ хъуыды Сергей Меняйло.
Партийы регионалон хайады дарддæры архайды нысантыл дзургæйæ, Цæгат Ирыстоны разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы дарддæры райрæзты ахсджиагдæр нысантæ сæ бынат бацахстой партийы «адæмон программæйы» уагæвæрдты. «Уыцы нысанты ‘хсæн — сывæллонджын бинонтæн ахадгæ æххуыс, социалон объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæг, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ æмæ бирæфатерон цæрæн хæдзæртты кæртыты фæлгонцад, социалон лæггæдты хызæджы райрæзт, бастдзинады хайæдты модернизаци, социалон газификацийы программæ æмæ афтæ дарддæр. Иу ныхасæй, нæ адæмы цард фæрныгдæр цы проекттæ æмæ программæты фæрцы фæуа, уыдон. Æмæ уыцы хæстыл иудадзыгон фæткы бындурыл архайд цæуы», — загъта Сергей Меняйло.
«Иугонд Уæрæсе»-йы «адæмон программæ» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл йæ доклады бæстон æрлæууыд партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат. Йæ ныхасмæ гæсгæ, программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ ис бæстон цæстдард. Зæгъæм, программæмæ хаст ахсджиаг объектты арæзтад æмæ цалцæг куыд цæуы, уымæ сæ цæст дарынц сæрмагонд проект «Партион десант»-ы архайджытæ. Уыдоны кусæг къорды уæнгтæ сты алы æмвæзады закъонæвæрынадон оргæнты партийы минæвæрттæ, стæй бынæттон цæрджытæ. «Партийы «адæмон программæйы» уагæвæрдтæ арæзт æрцыдысты не ‘взарджыты куырдиæттæ æмæ фæндæтты бындурыл. Æмæ сæ æххæст кæнынмæ дæр ис бæрнон ахаст», — кæронбæттæны загъта Едзойы-фырт.
Дарддæр конференцийы архайджытæ, сусæгæй схъæлæс кæнгæйæ, ивддзинæдтæ бахастой «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады политикон совет æмæ йæ президиумы скондмæ. Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ равзæрстой делегаты партийы радон съездмæ.
Конференцийы кæронбæттæны Кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыд партийы зæрдиагдæр архайджытæн, партион билеттæ та — «Иугонд Уæрæсе»-йы ног уæнгтæн.

Санаты Альбинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here