Вахтанговы номыл театр йæхи цæттæ кæнын райдыдта, июлы Дзæуджыхъæуы цы стыр фестивал аразынмæ хъавынц, уымæ.
Театры экспертон æмбырды равзæрстой, фыццаг фестивалы программæмæ цы спектаклтæ хаст æрцæудзæн, уыдон. Ныртæккæ вахтанговонтæ ныхас кæндзысты театрты разамонджытимæ æмæ сбæлвырд кæндзысты техникон райдертæ. Декабры æртыккаг декадæйы фестивалы программæ рахæсдзысты Цæгат Ирыстоны Хицауады размæ.
«Мах нæ зæрдыл бадардтам, Вахтанговы Хæдзар 2023 азы 30 апрелы байгом кæнынмæ цы концерт радтам, уымæн Дзæуджыхъæуы фæзы цы стыр ахадындзинад уыдис, уый. Кæд тæрккъæвда уарыд, уæддæр 6000 адæймаджы æрбацыд концертмæ. Æмæ уынаффæ рахастам: уыцы горæты, ахæм диссаджы хорз адæмæн æмбæлы æмæ, æнæмæнг, сараздзыстæм Вахтанговон театралон фестивал, — загъд ис театры телеграм-каналы. — Абон æрцыд рæстæг фестивалы ном раргом кæнынæн, сымах æй, кæй зæгъын æй хъæуы, зонут — «Вахтангов. Фыдыуæзæгмæ фæндаг».
Фестивал — «Вахтангов. Фыдыуæзæгмæ фæндаг»-æй ссардзысты — республикæйы 100 азы ном. Фестивал цæудзæн Дзæуджыхъæуы уынгты, æрмæст сценæйыл нæ. Йæ фæлгæты дæтдзысты премитæ Цæгат Ирыстоны культурæйы рæзтмæ, социалон къабазмæ æмæ креативон индустримæ зынгæ бавæрæн бахæссыны тыххæй.
Хуыбиаты Ларисæ














