Сергей Меняйло фембæлд адæмимæ

0
205


Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад Дзæуджыхъæуы кæм æрбынæттон, уыцы æхсæнадон кусæнуаты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд, йæ риссаг фарстатимæ йæм чи æрбацыд, нæ республикæйы цæрæг уыцы адæмимæ.

 Фембæлды архайдтой районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, профилон министртæ. Æхсæнадон нысаниуæджы цæстæй акæсгæйæ, фарстатæн сæ фылдæр уыдысты ахадгæ. Раздæрау, ахсджиаг у хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ кæнын æмæ лæвар хостæ дæттыны фарста. Афтæ, медицинон æгъдауæй йæ мадæн баххуыс кæныны куырдиатимæ æрбацыд Виктория К. Йæ ныййарæджы чи хъæуы, ахæм операцитæ кæнынц Цæгат Кавказы бирæкъабазджын медицинон центры Беслæны. Нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан зæрдæ бавæрдта, ныхас кæуыл цæуы, уыцы операци сылгоймагæн кæй скæндзысты ног азы январы.
Æрбацæуæг адæмæй бирæтæ хъаст кодтой, æхсæнадон транспорт нывыл кæй нæ цæуы, уымæй, бæлвырддæр та — «Дзæуджыхъæу-Дзуарыхъæу» æмæ «Дзæуджыхъæу-Лескен»-ы маршруттыл фаг автотранспорт кæй нæй, уымæй.
— Лизинджы фæрцы та республикæ ногæй уæлæмхасæн æлхæны автотранспорт. Хæс у иунæг — саразын уæлæмхасæн маршруттæ. Ацы ног автобустæ дæр нæм куыддæр фæзыной, афтæ уæлдæр амынд маршруттыл цæуæг автотранспорт дæр фæфылдæр уыдзæн, — бамбарын кодта РЦИ-Аланийы Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл.
Республикæйы цæрджыты тыхсын кæны фæлладуадзыны æхсæнадон бынæтты уавæр дæр. Горæтгæрон районы цæрæг Маринæ К. курæг уыд, цæмæй Октябрыхъæуы Тедеты Павелы номхæссæг уынгæй Центрон парчы онг æхсæнадон фæзуат нывылгонд æрцæуа. Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан куыд бамбарын кодта, афтæмæй «Æнцонвадат уавæртæ горæты алыварс аразын»-ы федералон проекты æмæ «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алыварс»-ы национ проекты фæлгæты 2024 азы зæххы ацы хайы, пъланмæ гæсгæ, арæзт æрцæудзысты рацарæзты куыстытæ.
Æрбацæуæг адæмы ‘хсæн уыд, царды сæвзæргæ уæззау уавæрты аххосæй материалон æххуыс чи агуырдта, ахæмтæ дæр. Алкæй куырдиатмæ дæр сæрмагондæй каст æрцæудзæн — уыцы хæс республикæйы Сæргълæууæг бабар кодта бæрнон адæймæгтæн.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here