Цæстдард — скъолаты цалцæг æмæ арæзтадмæ

0
188

Уæрæсейы Федерацийы регионты фылдæр æрдæг 2023 азы сæххæст кодтой, парти «Иугонд Уæрæсе» Рухсады министрадимæ скъолаты бындурон цалцæджы тыххæй цы программæ уадзынц царды, уый пълан, 90 процентæй кæнæ та æнæхъæнæй. Сайт ER.ru куыд хъусын кæны, афтæмæй скъолаты агъуыстытæ сног кæныны проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ рахастой партийы федералон штабмæ, æмæ сæм æркастысты губернатортæ æмæ, объекттæ кæуыл фæдзæхст сты, уыцы депутаттимæ, УФ-йы Æхсæнадон палатæйы минæвæрттимæ.

«Бындурон цалцæг фесты 1384 скъолайы. Афæдзы кæронмæ ма пъланы ис цалцæг фæуын 1765 скъолайы. Уыдонæй 1535-ы куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты федералон бюджеты хæрдзты æххуысæй, 230 агъуысты та — регионты æхцайы фæрæзты руаджы. Ацы азмæ нысангонд объектты цалцæг æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй бузныг зæгъын губернатортæ æмæ регионалон командæтæн сæ куысты хорз бæрæггæнæны тыххæй», — фæбæрæг кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак.
46 регионы та объектты цæттæдзинад у 90 процентæй фылдæр. «Дызæрдыггаг нæу, азы кæронмæ куыстытæ кæй фæуыдзысты. Бузныг зæгъын ма мæ фæнды РФ-йы Рухсады, Арæзтады министрадтæн, губернатортæ æмæ аразджытæн, стæй не ‘мкусджытæн регионты, ацы вазыгджын программæйыл дзуапдæтджытæн», — бафтыдта ма йæ ныхасыл Андрей Турчак.
Штабы ма æрныхас кодтой ног скъолатæ аразыны тыххæй Президенты программæмæ гæсгæ. 2023 азы хъуамæ срæвдз уой 390 агъуысты. «2019 азæй фæстæмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1076 ног скъолайы. Æмткæй райсгæйæ дзы ис 671 мин ахуырадон бынаты, ацы аз та — 237 скъолайы 177 мин бынатимæ. Уый хорз бæрæггæнæн у. Фылдæр объекттæ срæвдз уыдзысты сæ нысангонд æмгъуыдтæм», — фæбæрæг кодта «Иугонд Уæрæсе»- йы Генералон советы нымæрдар.
Кæронбæттæны Андрей Турчак фæдзырдта регионты сæргълæуджытæ æмæ бæрнон кусджытæм, цæмæй нысангонд æмгъуыдтæм куыстытæ фæуой. «Ацы азы кæронмæ программæмæ гæсгæ цы куыстытæ снысан кодтам, уыдон æнæмæнг фæуын хъæуы. Куыд баныхас кодтам, афтæмæй бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ æмгъуыдтæм гæсгæ”, — бахахх кодта «Иугонд Уæрæсе»- йы Генералон советы нымæрдар.
Азы кæронмæ ма «Иугонд Уæрæсе» æмæ Рухсады министрад иу хатт штабы æрæмбырд уыдзысты, уым программæйы пъланы фæстæзад субъекттæ хъуамæ фехъусын кæной, скъолаты арæзтады уавæр рараст кодтой æви нæ. Партийы проект «Ног скъола»-йы регионалон координатор, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Марк фæбæрæг кодта, федералон бюджетæй скъолатæ цалцæг кæныны тыххæй цы фæрæзтæ райста, уыдоны бæрцмæ гæсгæ нæ республикæ кæй ис Уæрæсейы регионты фыццаг фондзы рæнхъы. «Дыууæ азмæ республикæйы цалцæггонд æрцыд 66 скъолайы, уый тыххæй нын федералон бюджетæй радтой 4 миллиард сомы бæрц. Уый бæрц фæрæзтæ ма хардзгонд æрцæудзысты программæ фæуыны рæстæгмæ, — фæбæлвырд кодта уый. — Афтæмæй, программæйы фæлгæты, æмткæй райсгæйæ, республикæйæн лæвæрд æрцæудзæн 8 миллиард сомæй фылдæр. Цæгат Ирыстоны бындуронæй цалцæггонд æрцæудзæн 117 скъолайы. Сæ фылдæр хай ныридæгæн цæттæ у, 51 ахуырадон уагдоны та срæвдз уыдзысты 2026 азы кæронмæ. Хæстæгдæр дыууæ азы ма сцалцæг кæндзыстæм 26 скъолайы. Ацы программæйы руаджы нын фадат фæци, бындурон æгъдауæй сцалцæг кæнын кæй хъуыди, уыцы скъолатæ барæвдз кæнынæн, уыдон та сты Цæгат Ирыстоны ахуырадон уагдæтты 80 проценты», — загъта Дзанайты Марк.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here