Стыр уæлахизмæ ма — цалдæр къахдзæфы…

0
219

Ирыстоны фæрнджын зæххыл та аивады ног стъалы фæзынд. Фæзынд дæр хуымæтæджы нæ… Райсомæй хур куыд скæсы, æмæ йæ тынтæй бæстæ куыд ныррухс вæййы, афтæ йын йæ рæсугъд аив хъæлæсы зæлтæм хъусынæй нал фефсæдынц. Йæхимæ сæ æлвасы цавæрдæр уæларвон тыхтæй. Алæмæтаг сыгъдæг ирон хъæлæсы зæлтæ хæссынц æхцондзинад зарæг уарзджытæн. Ахæм тых æмæ хъару æрмæстдæр æрдзон курдиаты хицаумæ разыны. Уыцы курдиатæй фæхайджын хæтæлдойнаг лæппу Абайты Артур дæр.

Артур кæд нырма аивады йæ фыццаг къахдзæфтæ кæны, уæддæр йæ равзæрст фæндагыл цæуы уæндонæй, æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Бирæ аивадуарзджытæн йæ ном зонгæ нæма у, æмæ уыцы хъуыддаг махæн уæлдай æхсызгондæр у, фыццагдæр æй нæ газеты руаджы кæй базондзысты, уый.
Уæдæ базонгæ ут, фидæны Ирыстоны сæрмæ йæ курдиаты стъалы цæхæркалгæ кæмæн ссудздзæн, уыцы зарæггæнæгимæ.
Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Артур райгуырд Хæтæлдоны 2000 азы 12 апрелы. Уæздандзинад æмæ æфсарм сывæллон бинонтæй рахæссы. Йæ фыд Абайты Олег, хъыгагæн, уæззау низы аххосæй йæ цардæй раджы ахицæн, рухсаг уæд. Йæ мад Гуыриаты Анжелæ бирæ азты фæкуыста Хæтæлдоны хъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй. Къæбæрдæттон, уазæгуарзаг бинонтæ хъæубæсты алкæддæр нымад уыдысты.
Скъола каст фæуыны фæстæ Абайты Артур ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжмæ, вокалон хайадмæ. Уым ын зарæггæнæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ цæстуарзонæй амыдта фæлтæрдджын æмæ зындгонд педагог, УСФСР-йы сгуыхт артисткæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Котолиты Мария.
— Мария уыд диссаджы зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон адæймаг æмæ педагог. Мæ нанатæй иуы дæр не ‘рыййæфтон, рухсаг уæнт, æмæ цыма Мария мæ нана уыд, ахæм цæстæй мæм каст. Зонындзинæдтæй уæлдай дзы уый бæрц рæвдыд уыдтон, æмæ мæ никуы ферох уыдзæн. Суанг ма-иу ын, мæ зæрдæйы арфы цы ‘мбæхст фæндтæ уыд, уыдон дæр мæ бон уыд радзурын, раргом кæнын. Куыд зæрдæхæлар æмæ фæлтæрдджын хистæр, афтæ мæм-иу байхъуыста æмæ мæ раст фæндагыл арæзта. Хъыгагæн, æртыккæгæм курс куы фæдæн, уæд Мария йæ цардæй ахицæн, рухсаг уæд, — зæгъы йæ мысинæгты Артур.
— Уый фæстæ мын ахуыргæнæг уыд фæлтæрдджын педагог Кочиты Хасан. Уымæн дæр зæгъын бузныг, йæ зонындзинæдтæ мын æнæвгъау æмæ цæстуарзонæй кæй лæвар кодта, уый тыххæй.
Колледж куыддæр фæци, афтæ Артурмæ фæсидтысты æфсады рæнхъытæм, æмæ йæ хæс Фыдыбæстæйы раз кадимæ сæххæст кодта. Æфсадæй куы ссыд, уæд та йæ бафæндыд дарддæр ахуыр кæнын, æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультетмæ.
— Рагæй дæр мæ фæндыд ирон театры актер суæвын, фæлæ фыццаг сценæмæ адæмы размæ рацæуын мæ ныфс нæ хастон. Ныр иу гыццыл фæныфсджындæр дæн, фæцахуыр дæн, — йæ мидбылты бахудгæйæ зæгъы Артур.
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультеты Ирон театрæн цы специалисттæ цæттæ кæнынц, уыцы сæрмагонд къордæн ахуырæн дæр æмæ стипенди дæр фиды советон æмæ уæрæсейаг спортсмен, уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты æмæ Европæйы фондз хатты чемпион Хæдарцаты Махарбег. Æгайтма йæм ахæм æрхъуыдыдзинад разынд. Йæ цæрæнбон бирæ уæд!
— Актеры дæсныйад нын амоны æмæ нæ къорды разамонæг дæр у РЦИ-Аланийы адæмон артист Æлбегаты Алан, сценикон архайды сусæгдзинæдтæ нын æргом кæны Гуццаты Тамерлан, аивадон дзырды хæзнатимæ нæ зонгæ кæны РЦИ-Аланийы адæмон артист Битарты Алыксандр, — радзырдта нын Артур.
Куыд зонæм, афтæмæй киноныв «Фатимæ» тагъд ног хуызы фæзындзæн сценæйыл. Цæгат Ирыстоны культурæйы зындгонд кусджытæ зæрдиагæй архайынц мюзикл «Фатимæ» саразыныл. Режиссер Битарты Алыксандр æмæ аивадон разамонæг Тайсауты Олег куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ нæ республикæйы нырма ахæм мюзикл æвæрд никуыма æрцыд. Егъау премьерæмæ æнхъæлмæ кæсæм ног азы апрелы. Иу сценæйыл иумæ архайдзысты, куыд фæлтæрдджын артисттæ, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ æмæ зарæггæнджыты къордтæ дæр. Дзамболаты сурæты дзы азардзæн æмæ ахъаздзæн Абайты Артур.
Пьесæйы ирддæр скъуыддзæгтæй иу у, Дзамболат йæ зæрдæйы æнкъарæнтыл кæм дзуры, фæлæ йæ цыма Фатимæ æппындæр нæ хъусы. Дыууæ уарзон уды ахастдзинæдтæ актертæ архайынц равдисын дæсныйæ. Æнцон нæу, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ алы бон дæр сæхиуыл æнауæрдонæй кæй кусынц, уый бæрæг у.
Уæдæ æнхъæлмæ кæсæм премьерæмæ!

Гæбуаты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here