Республикæмæ æрбацæуæны, Æрджынарæджы быдырты, айтынг сты Кировы районы хъæутæ æмæ хæдзарæдтæ. Куыд цæрынц абон районы фæллойгæнджытæ, цавæр æнтыстытæ бафтыд сæ къухы афæдзмæ, цы нысантæ сæм ис æмæ сæ куыд æххæст кæндзысты фидæны, уый фæдыл нæ уацхæссæг фембæлд Кировы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Нæкуысаты Барисимæ, æмæ сæм рауад ахæм ныхас:
Барис, афæдзы райдайæнæй нырмæ цавæр социалон-экономикон æнтыстытæ бафтыд уæ къухы?
— Нæ районы администрацийы æрвылбоны архайд у, цæмæй нæ цæрджыты царды уавæртæ кæной бонæй-бон хуыздæр, райрæза æмæ фæнывылдæр уа сæ социалон уавæр.
Абон хуымæтæг рæстæг нæу. Сæрмагонд æфсæддон операци кæй райдыдта нæ паддзахад, уый фæзынд адæмы цард æмæ куысты фæткыл. Уæрæсейы ныхмæ ныгуылæйнаг паддзахæдтæ цы санкцитæ ныффидар кодтой, æргътæ хæрдмæ кæй ссыдысты, уый царды уавæртыл, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæрæрдæм нæ фæзынд. Фæлæ уæддæр тырнæм размæ, архайæм, цы бæрнон хæстæ нын бабар кодтой, уыдон, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæныныл, æмæ нын бирæ цыдæртæ бантыст. Уымæ гæсгæ уал, фыццаджыдæр, зæгъдзынæн, Уæрæсейы цы ног регионтæ фæзынд, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæм цы хъусдард æрцыд, уым кæй ис районы бавæрæн дæр.
Нæ районы алы фæллойадон къабæзты кусы 15200 адæймагæй фылдæр, уыдонæй экономикон къабазы — авд минмæ хæстæг. Нæ район рагæйдæр уыд хъæууонхæдзарадон. Бæстондæр уый тыххæй зæгъдзынæн. Нæ алы хъуыддаг дæр баст у зæххимæ. Уый абон уæрст у иууылдæр. Ис нæм 90 хъæууонхæдзарадон куыстуаты, 205 — индивидуалон амалхъом адæм æмæ арендатортæ, 6643 — хи æххуысадон хæдзарæдтæ. Уымæй уæлдай ма районы ис 200 дуканийæ фылдæр, салонтæ æмæ афтæ дарддæр.
Фарон нæ хоры тыллæг уыд 60103 тоннæйы, ацы аз — 93663. Халсартæ Кировы районы фарон сæмбырд кодтой 1921 тоннæйы, дæргъвæтин рæстæг æнæкъæвда ахаста æмæ хуымзæххытæ бахус сты. Ацы аз та халсарты тыллæг у 1385 тоннæйы бæрц, уый баст у уыимæ, æмæ халсартæ раздæр цы зæххытыл тыд цыдысты, уыдоны нымæц фæкъаддæр, сæ хицæуттæ дзы æндæр культурæтæ ныссагътой. Фæфылдæр сты дыргъдæттæ. Кæд фарон ахстой 1269 гектары, уæд ацы аз та сты 1300. Уымæ гæсгæ дыргъты тыллæг дæр фæфылдæр æмæ у 9317 тоннæйы.
Фос цы хæдзарæдтæ дарынц, уыдонæн дæр сæ куыст размæ цæуы. Стурвос фарон æдæппæт уыд 1358 сæры, ацы аз та сыл бафтыд_дыууæ хаттæй фылдæр — 3255. Лыстæг фосы дзугтæ дæр фылдæр кæнынц. Рæзы дзидза æмæ æхсыры æрконд дæр.
— Цавæр федералон программæты архайут æмæ архайдзыстут?
— Архайæм, нæ хъарутæ, нæ гæнæнтæ куыд амонынц, афтæ. Капиталон арæзтад æмæ архитектурæйы архайæм паддзахадон æмæ муниципалон программæты. Уыдонæй иу — «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт». Ацы паддзахадон программæйы æххуысæй раздæр сцалцæг кодтам Елхоты доны хæтæлтæ. Ацы аз та ивынц доны хæтæлтæ Змейкæ, Комсомольск æмæ Кæрдзыны. Ацы программæмæ гæсгæ ма арæзт æрцыд авд цæрæнуаты СПК «Де-Густо»-йы кусджытæн. Ацы хæдзæртты æрбынат кодтой, æндæр районтæ æмæ хъæутæй ардæм цы кусджытæ æрцыд фæллой кæнынмæ, уыдоны бинонтæ.
Æндæр паддзахадон программæ «Горæтаг хæрзвадат уавæртæ саразын»-ы руаджы бындуронæй барæвдз кодтам æртæ æхсæнадон бынаты. Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» радта фадат æртæ æмæ æрдæг километры соса фæндæгтыл асфальт ногæй сæвæрын.
— Районы экономикæйы сæйраг бынат ахсы хъæууон хæдзарад. Куыд цæуынц уыцы къабазы уæ хъуыддæгтæ?
— Афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ район сæйрагдæр хъæууон хæдзарадæй цæры, нæ куыстытæ иууылдæр зæххимæ баст сты. Газеткæсджытæ йæ хорз зонынц, зæгъæм, «Де-Густо» республикæйы раззагдæртыл нымад кæй у, уый. Йæ сæргълæууæг Дзиццойты Римæйы арæхстджын разамынды руаджы сæ куыст у стыр арфæйаг.
Нæ фæсивæд дæр фос дарыны хъуыддагмæ се ‘ргом здахынц. Ис нæм алыхуызон программæтæ, стæй социалон контракт кæй хонынц, уый дæр. Архайынц уыдоны руаджы, фæлæ фылдæр сæхи хъарутæй. Æрмæст фос дарыны хъуыддаджы нæ, фæлæ ма дзы чидæртæ хъæрмуæттæ дæр сарæзта, кæмæ халсартæ ис, кæмæ та — гагадыргътæ.
Цалдæр азы размæ нæм сырæзт, ныр хъуыстгонд чи у, уыцы ног фирмæ «Остров Аква-культурæ». Уыдон сарæзтой Кæрдзын æмæ Хъахъхъæдуры ‘хсæн туацъæйы балер кæсаджы хæдзарад. Инвестицитæ дзы миллиарды онг сæвæрдтой. Ныр та сæм, кæсаг æлхæнджытæм цæмæй хуыздæр хæццæ кæна, уый тыххæй цех дæр фæзынд. Ацы фирмæйы руаджы фæзынд сæдæмæ ‘ввахс кусæн бынаты, æмæ дзы фæллой кæнынц хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ. Кæсаджы куыст ма кæнынц «Радужная форель» æмæ æхсæнад «Русь Агро» дæр.
Уæлдæр дзырдтон дыргъдæтты тыххæй, æмæ ма бафтаудзынæн, «Де-Густо»-йæ уæлдай ма зæрдиагæй кæй архайынц æндæр хæдзарæдтæ дæр. Уыдон сты «Нива» æмæ «Гарден». Амалхъом Дудиаты Уырызмæг æхсæз гектарыл ныссагъта фæткъуы бæлæстæ. Уымæй уæлдай, кæронмæ фæхæццæ кæны, дыргътæ кæм нæ сæфдзысты, ахæм æфснайæны арæзтад.
— Куыд зонæм, афтæмæй архайут æрмæст республикæйы нæ, фæлæ федералон конкурс «Хуыздæр хъæу»-ы дæр. Фæстаг рæстæг уæ къухы цавæр æнтыстытæ бафтыд?
— О, ацы конкурсты тынг æнтыстджынæй архайæм. Нæ районы хъæутæ Елхот, Комсомольск, Иран, Ставд-Дуртæ конкурс «Хуыздæр муниципалон архайд»-ы цалдæр азы дæргъы уыдысты хуыздæрты ‘хсæн. Комсомольск æмæ Иран алы номинациты уыдысты уæлахиздзаутæ суанг федералон уагыл дæр. Ацы аз дæр та тынг бакуыстой сæ проекттыл, æнхъæлмæ кæсæм конкурсы фæстиуджытæм. Республикон конкурс «Хуыздæр хъæу»-ы Комсомольск бацахста 2-аг бынат. Хъæуты хицæуттæ Уаниты Хъазыбегæн (Ставд-Дуртæ), Дзуццаты Эльбрусæн (Змейкæ), Аулохты Валерийæн (Комсомольск) сæ архайд цæрджытимæ тынг æнгом у. Æрæджы Аулохы-фырты ахуыдтой Мæскуымæ. Уым, Президенты Академийы паддзахадон управленийы уæлдæр скъолайы арæзт æрцыд «Школа мэров». Валери уым йæ фæлтæрддзинад рапарахат кодта, стæй йæхицæн дæр ног зонындзинæдтæ райста. Нæ республикæйæ уырдæм хуынд æрцыд æрмæстдæр Аулохы-фырт.
— Уæ районы стыр æргом здахут социалон фарстатæм. Афæдзы райдайæнæй нырмæ уыцы хъуыддаджы уæ къухы цавæр æнтыстытæ бафтыд. Цы ма уын ис саразинаг?
— Нæ районы ахуырады системæйы ис 10 иумæйагахуырадон скъолайы, 13 — рæвдауæндоны, 2 — фæсурокты уæлæмхасæн куыст кæм кæнынц сабитимæ, ахæм уагдæттæ. 2022 азы бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты Елхоты 2-æм æмæ Кæрдзыны скъолатæ, ацы аз — Комсомольскы æмæ Змейкæйы 2-æм скъола. Районы скъолаты ис, абоны домæнтæм гæсгæ цалцæг кæнын кæй хъæуы, ахæмтæ: Ставд-Дурты, Ираны. Æппæтæй зæронддæр та у Даргъ-Къохы скъола, арæзт у ивгъуыд æнусы 20-æм азты. Хъæуы дзы ног скъола. Уымæй уæлдай, фæсурокты кæм архайой сабитæ, ахæм агъуыстытæ дæр нæм фаг нæй.
Æнæниздзинады къабазы кой куы кæнæм, уæд нæ рынчындоны хайæдтæн сæ фылдæр у цалцæггонд. Капиталон æгъдауæй базылдысты поликлиникæмæ, Кæрдзыны амбулаторимæ. Иннæ хъæуты дæр амбулаторитæ ис.
Районы Культурæйы хæдзæрттæ цалдæр азы размæ баиу кодтам. Сæ разамонæг — Хъазиты Дианæ. Тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ æнтыстджын у сæ архайд. Зæрдæ сæ райы. Ног культурæйы артдзæстытæ, зæгъæн ис, кусынц æппæт хъæуты дæр. Ираны æмæ Даргъ-Къохы галуантæ ацы аз байгом кодтой ногæй сæ дуæрттæ. Ацы фарста ма лыггæнинаг у Змейкæ æмæ Кæрдзыны. Бацархайдзыстæм уый аиуварс кæныныл дæр.
— Муниципалон сæрмагонд программæ «Курдиатджын сывæллон» æххæстгæнгæйæ уын цы бантыст æмæ ма дарддæр цæуыл кусдзыстут?
— Муниципалон сæрмагонд программæ «Курдиатджын сывæллон» районы æххæстгонд цæуы фондз азы дæргъы. Программæйы иу къабазæн уыд сæрмагонд къамис. Къамисы уæнгтæ-иу сарæзтой æркаст æмæ-иу равзæрстой хуыздæрты. Фондз азы дæргъы — фæндзай сывæллонмæ хæстæг. Уыдонæй алчидæр райста преми 5 мин сомы. Ныр уал программæйы ацы къабаз æрæхгæдтам, фæлæ куыддæр нæ уавæр амона, афтæ та ногæй скусдзæн. Программæ дарддæр йæ куыст кæны. Абон лæмбынæгдæр куыст цæуы, олимпиадæйы змæлды цы сабитæ архайынц, уыдонимæ.
— Зымæджы къæсæрыл районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад куыд цæттæ у фæззыгон-зымæгон уавæрты кусынмæ?
— Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад фæззыгон-зымæгон уавæрты кусынмæ у цæттæ. Тæвдгæнæнтæ кусынц, куыд æмбæлы, афтæ. Скъолатæ, рæвдауæндæттæ, рынчындон æмæ поликлиникæ, кæльтурæйы уагдæтæ — алы ран дæр у хъарм. Районы ис 53 бирæфатерон хæдзары, уыдон дæр уазæлттæм сты цæттæ.
Августы æмбисæй фæстæмæ Кировы районы доны хæтæлтæ баиу сты республикæйы донуадзæн æмæ донкалæн куыстуатимæ. Уый уæнгтæ зæрдиагæй февнæлдтой, сæ бартæм цы хауы, уыцы куыстытæм. Цалцæггонд æрцыдысты донцъирæнтæ, доны хæтæлтæ. Донцух ничиуал у. Кæд хæтæлтæ æнæнхъæлæджы атонынц, уæд сæ тынг тагъд бацалцæг кæнынц.
— Куыд æххæстгонд цæуынц республикæйы разамынды амынддзинæдтæ?
— Республикæйы разамындимæ нын арæх вæййы фембæлдтытæ лæгæй-лæгмæ дæр, видеоконференцитæ дæр. Цыдæриддæр нын бабар кæнынц, уыдон æххæстгонд цæуынц афойнадыл æмæ æххæстæй. Нæ нысан у иу: адæмы цард фæхуыздæр кæнын.
— Бузныг, Барис! Кæронбæттæны ма дæ газет «Рæстдзинад»-æн цы зæгъын фæндид?
Ныхас ныффыста
Касаты Батрадз

















