Ног фатертæ, эпидемиологон уавæр, газуадзыны уæлæмхасæн хъуыддаг, МРТ-йы ног аппарат, æдзæллаг хидтæ

0
298

Цæгат Ирыстоны кæлæддзаг цæрæнуæттæй граждæнты раивыны программæ хъуамæ æмгъуыдæй раздæр æххæстгонд æрцæуа: 238 бинонтæй 157-æн сæ цæрæнуаты фарста лыггонд æрцыд. Уый тыххæй, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло цы аппаратон æмбырд сарæзта, уым фехъусын кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

Ведомствæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, афæдзы кæронмæ ног фатертæй дæгъæлтæ ратдзысты 27 бинонтæн Дигорайы горæты, 24 бинонтæн та — Беслæны. Рахизфарсы районы ма Олгинскæйы хъæуы хæстæгдæр рæстæджы срæвдз уыдзæн бирæфатерон агъуыст.
Регионы эпидемиологон уавæры тыххæй загъд уыдис, грипп æмæ улæфæнтимæ баст вирусон инфекцитæй рынчынты нымæц кæй рæзы ивгъуыд къуырийæ сабырдæр. «Роспотребнадзор»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, медицинон уагдæттæм æххуысмæ чи фæдзырдта, уыдоны нымæцæй 70 процентæй фылдæр сты, 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæ. Цæгат Ирыстоны дыууæ скъолайы æмæ авд рæвдауæндоны сты æхгæд, сывæллæтты 20 проценты кæй фæрынчын сты, уый аххосæй.
Æрыдоны Центрон рынчындоны ацы къуырийы кæронмæ æркусдзæн МРТ-йы ног аппарат. Нырыккон уавæртæн дзуапдæттæг ифтонггарз ист æрцыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады фыццаг къæпхæны модернизацийы программæйы фæлгæты. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан.
Цæгат Ирыстоны уæлæмхасæн газификацийы программæ ацы аз æххæстгонд æрцыд 100 процентæй. Æдæппæтæй 2021 азæй нырмæ бафыстой 2391 бадзырды, æрвхуыз артаг сæ зæххы арæнты онг бауагътой 2069 бæстыхаймæ, 1194 хæдзары та ссыгътой газ.
Сергей Меняйло бафæдзæхста æркæсын æмæ фидæны азмæ сфидар кæнын социалон газификацийы пълан.
Республикæйы разамонæг ма бахæс кодта программæ «Æдас горæт»-ы æххæстгæнæн пункттæм æркæсын æмæ сæм ивддзинæдтæ бахæссын.
— Ныртæккæ уал, æнæмæнг, æркæсын хъæуы фæлгæсæн камерæтæ ныссадзыны фарстамæ, Мидхъуыддæгты министрадимæ баныхас кæнгæйæ сын сæ бынæттæ сбæлвырд кæнын. Ныхас æрмæст фæндаджы змæлд халджыты бæлвырдгæнæг камерæтыл нæ цæуы, фæлæ ма, адæм бирæ кæм æрæмбырд вæййынц, уыцы ран цæсгæмттæ бæлвырдгæнæг программæйы камерæтыл дæр, — загъта Сергей Меняйло.
Специалисттæ дарддæр бæлвырд кæнынц республикæйы хидты уавæр. РЦИ-Аланийы транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд загъта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы цыппар хиды сты æдзæллаг уавæры: хъæндзинæдтæ сбæрæг кодтой Чапаевы, Кировы, Цæнгæт æмæ Пожарскийы уынджы. Хъæндзинæдтæм каст æрцыд Сергей Меняйлойы фæдзæхстмæ гæсгæ.
— Æркæсын-ма хъæуы хидты быцæутæ æмæ михтæм. Цалцæг кæнын хъуаг чи у, уыдоны фарста къæпхæнгай куыд алыг кæнын æмбæлы, ууыл ахъуыды кæндзыстæм, — йæ ныхас балхынцъ кодта Сергей Меняйло.

Гапбаты  Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here