Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон — Мæскуыйы æрбынæттонуæвæг Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдысты цæуæг дунеон равдыст-форум «Уæрæсе»-йы арæзт кадджын æмбырды рæстæг «Патриот 2023» национ премийы архайджытæн хæрзиуджытæ радтой.
Цæгат Ирыстоны номæй Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, педагогон наукæты кандидат Павел Беккерман бавдыста номарæн æппæтуæрæсеон проект «Барбашовы быдыры». Форумы архайдтой бæстæйы 89 регионы минæвæрттæ. Павел Беккерманы фарс рахæцынмæ æрбацæуæг новосибирскæгты мæскуыйаг æхсæнады сæрдар Олег Шабуневич композиторæн радта бузныджы фыстæг.
— Сæдæгай проекттæ кæуыл тох кодтой, нæ конкурсон куыст бахастой уыцы номинаци «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæстон намыс»-ы æртæ хуыздæр проекты номхыгъдмæ. Ацы хатт фыццаг бынат кæд нæ бацахстам, уæддæр эксперттæ нæ конкурсон куыстæн стыр кад кæй скодтой, уый нын æхсызгон у, — загъта Павел Беккерман.
Проект «Барбашовы быдыры» æмгуыстгæнджытæ сты Цæгат Ирыстоны граждайнаг æхсæнады райрæзтæн ахъазкæнынады регионалон организаци (проекты æмавтор Хъайырты Артур æмæ административон уынаффæгæнæг Букуылты Сослан), компани «DAS Music&Pictures» (рауадзæг продюсер Роман Коротких) æмæ Ахуырады дунеон академи «Гуманитарон тыгъдад. Дунеон альманах» (сæйраг редактор, педагогон наукæты кандидат, Уæрæсейы Æрдзиртасынады академийы профессор Максим Лазарев).
РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ
дзыллон коммуникациты
хъуыддæгты комитеты
пресс-службæ













