Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад 100 мин сывæллоны ныййарджытæн, æмткæй райсгæйæ, 7,7 милуан сомы бæрц иумæйаг пособи сæвæрдта.
Мæймæ адæймагмæ 12938 сомæй (ома, ацы аз нæ республикæйы цæрæг иу адæймагæн фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты бæрц) гыццылдæр æфтиæгтæ кæм ис, социалон æххуысы амынд хуыз сæвæрынц ахæм цæгатирыстойнаг бинонтæн. Фиддон æвæрыны рæстæг нымайынц бинонты исбон, стæй, ныййарджытæ кусынц æви нæ, науæд, кæй нæ кусынц, уымæн объективон æфсæнттæ ис æви нæ, уыдæттæ.
Пособи сæвæрынц 12 мæймæ. Йæ сæвæрыны æмгъуыд куы фæуа, уæд барвитын æмбæлы ног куырдиат. Фидаргонд фæткмæ гæсгæ, афтæ бакæнæн ис пособи æвæрыны æмгъуыды фæстаг мæй. Адæмæн зонинаг: пособи кæд 31 декабрæй раздæр сæвæрдтой, уæд ног куырдиат барвитæн ис ацы мæй, науæд та — иннæ азы январы. Разыйы дзуапп кæд радтой, уæд фиддон куырдиат барвитыны мæйæ фæстæмæ сæвæрдзысты.
Куырдиат барвитæн ис портал «Госуслуги»-йы фæрцы. Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад ведомствæты æмгуыстады фæткмæ гæсгæ æмбæлгæ оргæнтæ æмæ кусæндæттæй хъæугæ гæххæттытæ хæдбарæй бацагурдзæн. Уыимæ, куырдиат барвитæг адæймаг Социалон фондмæ йæхæдæг хъуамæ кæй æрбахæсса, ис ахæм гæххæттыты номхыгъд. Ацы æууæл бар дары хибарæй кусæг æмæ мобилизацигонд адæймæгтæм, тыхы структурæты кусджытæм, стæй ахстыл нымад транспорты бæрæггæнæнтæм.
Нысантæ электронон куырдиаты æвæрыны рæстæг адæймаджы хæс у цырддзаст уæвын, стæй мæйы æппæт бонтæ æмæ персоналон бæрæггæнæнтæ биноныг сбæлвырд кæнын. Персоналон бæрæггæнæнтæ гæххæтты фыст куыд сты, куырдиатмæ дæр сæ бахæссын æмбæлы ахæм уагæй.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: æрвылмæйон пособийы бæрц аразгæ у бинонты æфтиаджы бæрцæй æмæ йæ бæрц вæййы мæнæ ахæм: регионы фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты бæрцы 50 проценты (6409 сомы), 75 проценты (9613 сомы), кæнæ 100 проценты (12818 сомы).
Ацы азы 1 январæй фæстæмæ кæй сфидар кодтой, уыцы иумæйаг фиддон иу кæны амæй размæ архайæг социалон æххуысы къорд мадзалы: æнхъæлцау сылгоймæгтæн, стæй 3 азæй кæстæр, 3 азæй 8 азы онг æмæ 8 азæй 17 азы онг фыццаг æмæ æртыккаг сывæллоны ныййарджытæн социалон æххуысы мадзæлттæ.
Уæрæсейы Социалон фонды регионалон контакт-центр: 8-800-200-07-81 (къуырисæрæй цыппæрæммæ — 9.00 сахатæй 18.00 сахаты онг, майрæмбоны та — 9.00 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).














