Фидæнмæ — ныфсджын къахдзæфтæй

0
301

Нæ хæдтулгæ тагъд æмæ рог уади лæгъз фæндагыл. Фæндаджы фæйнæ фарс адæймаджы цæст ради, зымæгмæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы хуымгонд быдыртæ æмæ ног сагъд фæткъуы бæлæсты уындæй. Нæ балц уыд Беслæныхъæумæ. Уæвгæ Беслæн ныр стыр горæт у, егъау сахар, фæлæ уæддæр адæмы ‘хсæн йæ ном Беслæныхъæуæй ныффидар. Цæмæн афтæ хуыйны, уый, чи зоны, газеткæсджытæ се ‘ппæт нæ зонынц, кæнæ йæ хъуыды нал кæнынц, æмæ сын æй сæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм.

Паддзахы заман ирон кънйæзтæн быдыры зæххытæ куы байуæрстой, уæд Тлаттаты Беслæн 1847 азы Хъобанæй ралыгъд быдырмæ æмæ ацы ран æрцард. Йæ фæдыл ма æрлыгъдысты 17 хæдзары. Кæм æрцардысты, уыцы бынат схуыдтой Беслæныхъæу. Беслæнæн йæхицæн цот нæ рацыд, хуыдтой йæ карз æмæ тызмæг лæг. 1866 азы Тлаттаты Беслæн куы амард, уæд хъæуы цæрджыты нымæцыл æфтын райдыдта. 1875 азы Беслæныхъæуы рæзты арæзт æрцыд æфсæнвæндаг Ростов-Дзæуджыхъæу. 1893 азы ма йыл бафтыд ног къабаз Беслæн-Гудермес. Уый уыд Грознайы нефтмæ фæндаг, уымæ гæсгæ йын бæстæйы экономикæйы рæзты стыр нысаниуæг уыд.
Уæдæ кæддæр Беслæны нартхоры комбинат дæр хъуыстгонд уыд канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Йæ хъомысмæ гæсгæ нымад уыд Европæйы фыццаг æмæ дунейы дыккаг егъаудæр куыстуатыл. Æмæ канд комбинат нæ уыд. Йемæ иумæ арæзт цыдысты скъолатæ, Культурæйы галуан, рынчындон æмæ поликлиникæ, цæрæн хæдзæрттæ фæллойгæнæг адæмæн æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, хъыгагæн, абон комбинатæй ницыуал баззад.
Рахизфарсы район æрбынат кодта Цæгат Ирыстоны скæсæйнаг хайы Терчы рахиз был 441,29 квадратон километры фæзуатыл. Йæ цæрджыты нымæц у 57063 адæймаджы. Йæ административон центр — Беслæны горæт. Алы районæн дæр йæ фидауц æмæ йæ хъæддыхдзинад хъæутæ сты. Рахизфарсы районы цы 10 хъæуы ис: Хуымæллæг, Брут, Заманхъул, Раздзог, Бæтæхъойыхъæу, Ног Бæтæхъойыхъæу, Цæлыкк, Фарныхъæу, Зилгæ æмæ Олгинскæ. Уым фæллой кæнынц æмæ хæларæй цæрынц бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ. Цæрджыты удæнцойдзинадæн дзы ис Уæлахизхæссæг Сыгъдæг Георгийы, хъизæмæрттæ баййафæг Сыгъдæг Варварæйы æмæ Сыгъдæг Александр Невскийы номыл аргъуантæ Беслæны, теракт баййафæг 1-æм скъолайы кæрты дæр, арæзт æрцыд аргъуан (Храм на Крови святых Великомучеников и Исповедников Российских). Уымæй уæлдай ма чырыстон аргъуан ис Бæтæхъойыхъæуы. Пысылмон диныл хæст чи у, уыдонæн мæзджыттæ ис Беслæны æмæ Зилгæйы.
Уæдæ куыд цæрынц абон районы фæллойгæнджытæ, цавæр æнтыстытæ бафтыд сæ къухы, цы нысантæ сæм ис фидæнмæ æмæ сæ куыд æххæст кæндзысты? Уый фæдыл мах фембæлдыстæм Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сосланимæ.
— Сослан, дæ бон хорз уæд! Куыд æмæ цæмæй цæры абон Рахизфарсы район? Афæдзы райдайæны районы разамынд йæ размæ цавæр нысантæ сæвæрдта æмæ дзы ныридæгæн уæ къухы цы бафтыд?
— Æгас нæм цæут! Афтæ зæгъæн ис, æмæ афæдзы райдайæн нæ размæ цы нысантæ сæвæрдтам, уыдон иууылдæр æххæстгонд æрцыдысты. Раст зæгъгæйæ, афæдз уæззау рауад. Иуæй, Украинæйы зæххыл цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уый. Иннæмæй та, Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ европæйаг паддзахæдтæ нæ бæстæйы ныхмæ цы санкцитæ расидтысты, уыдон хорзæрдæм нæ фæзындысты нæ экономикæйыл. Адæмы мызд æмæ пенситыл ницы æфты, афтæмæй æргътæ уæлæмæ цæуынц. Уыцы хъуыддæгтæ нæ районы цæрджыты дæр тыхсын кæнынц. Ахæм уавæрты мах нæхицæн хæсыл нымайæм, æппæт хъарутæй дæр, дысвæлдæхтæй архайын, адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, фылдæр æргом аздахын социалон-экономикон фарстатæм. Уымæ гæсгæ, ахуырад, культурæ æмæ спорты къабæзты Беслæны арæзт æрцыдысты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм аст объекты.
— Беслæны рæзты генералон пълан куыд æххæстгонд цæуы?
— Генералон пъланы фæлгæты цалцæггонд æрцыд Беслæны канализацион системæ. Уый иу 60 азы дæр ивд нæ цыд. Цæттæ сты ног сыгъдæггæнæн арæзтæдтæ, æмæ сæ тагъд рæстæджы пайда кæнын райдайдзыстæм. Æнæ ацы куыстытæ бакæнгæйæ, нæй фæндæгтæ аразæн дæр, уæд та сæ фæстæмæ къахын бахъæудзæн. Сæ куыст кæнынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ: сывæллæтты сфæлдыстадон рæзты центр «Альтаир», иумæйагахуырадон скъола 550 бынатæн Чкаловы уынджы, 120 æмæ 230 бынаты кæм ис, ахæм дыууæ рæвдауæндоны Ногъайты æфсымæрты уынджы æмæ Революцийы фæрсуынджы. Ацы бæстыхæйттæ сæ дуæрттæ байгом кодтой сæ фыццаг хъомылгæнинæгтæн.
Кадджын уавæры байгом стадион «Пищевик» дæр. Ис дзы 2000 бадæн бынаты. Цæмæй дзы суанг республикон спортивон ерыстæ дæр арæзт цæуой, уымæн дзы алы фадæттæ дæр ис. Æппæт ранымад объекттæ дæр фыст æрцыдысты районы муниципалон исбонадыл.
Кæронмæ фæхæццæ кæны æппæтдунеон терроризмы ныхмæ тохы культурон-патриотон центры арæзтад «Беслан. Школа №1». Фæстæдæр центр ифтонггонд æрцæудзæн хъæугæ æрмæджытæй.
2023 азы кæронмæ сцæттæ уыдзысты иумæйагахуырадон скъола 550 бынатимæ Менделеевы уынджы æмæ сывæллæтты музыкалон скъола. Уымæй дарддæр, арæзт цæуы тагъд медицинон æххуысы станцæйы дæлхайады агъуыст, цалцæггонд цæуынц поликлиникæ, Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар, Фæсивæды галуан, куыст цæуы Окружнаяйы уынджы фæлладуадзæн парчы фæлгонцадыл.
2022 азæй нырмæ ивæм, уарыны дæтты канализацион æмæ нуазыны доны хæтæлтæ. Æппæт уыцы куыстытæ нæ къухы бафтдзысты 2024 азы кæронмæ.

— Республикæйы алы районы дæр риссаг фарстатæ сты фæндæгты уавæр æмæ æхсæнадон транспорт. Сымахмæ та куыд сты уыцы хъуыддæгтæ?
— Раст у, алы районы дæр фæндæгты уавæр нывыл кæй нæу. Аххосаг уый мидæг ис, æмæ 60 азы дæргъы нуазыны доны хæтæлтæ æмæ канализацион системæ ивд нæ цыдысты. Афтæмæй фæндæгтæ куы саразæм, уæд та сæ ногæй къахын бахъæудзæн.
Уый хынцгæйæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Беслæны уынгты канализацион системæ иууылдæр баивтам. Цалцæггонд æрцыдысты транспортон къабазы 9 объекты, ныртæккæ цалцæггонд цæуынц 16 автомобилон фæндаджы. Æппынæдзухæй куыст цæуы подрядон организацитимæ, цæмæй куыстытæ афойнадыл, æмгъуыдмæ гæсгæ фæуой.
Ноджы ма транспортон къабазы 15 объекты капиталон æгъдауæй цалцæггонд æрцæудзысты Беслæны генералон пъланы фæлгæты 2024 азы.
Æнæбафиппайгæ нæй, нырыккон автобустæй фæндаггонтæ кæй пайда кæнынц, Дзæуджыхъæумæ æмæ фæстæмæ цæугæйæ.
Паддзахадон программæ «Хъæууон фæзуæтты комплексон райрæзт»-ы фæлгæты нуазыны доны хæтæлтæ ивд æрцыдысты Хуымæллæджы æмæ Бруты хъæуты. Уымæй уæлдай ма арæзт æрцыдысты иумæйагахуырадон астæуккаг скъола Бруты хъæуы æмæ спортивон комплекс Хуымæллæджы. Раздзоджы хъæуы цалцæггонд æрцыд астæуккаг скъолайы бæстыхай. Бæтæхъойыхъæуы ивд цæуынц нуазыны доны хæтæлтæ, уыимæ дзы арæзт цæуы ног рæвдауæндон.
Ноджы ма муниципалон сконд бацæттæ кодта проектон-сметон документаци, цæмæй цалцæггонд æрцæуой нуазыны доны хæтæлтæ Ног Бæтæхъойыхъæуы дæр.
— Ахуырады æмæ хъомылады фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц?
— Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй скъолатæм бæлвырд цæстдард цæуы. Беслæны æмæ Бруты хъæуы ног скъолатæ сарæзтам. Районы ахуырадон уагдæттæ, скъолаты ахуырадон системæ рацаразын æмæ сног кæныны мадзæлттæн зынгæ финансон æххуыс райстам Уæрæсейы паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-ы фæрцы. Уый нын фадат радта бындуронæй сцалцæг кæнын районы 10 иумæйагахуырадон скъолайы. Пъланмæ гæсгæ 2024 азмæ бындурон цалцæг æрцæудзысты районы æппæт скъолатæ дæр. Уый ахъаз уыдзæн ахуырадон æмæ хъомыладон куыстæн æдас æмæ бирæ фадæттæ саразынæн. Районы æппæт скъолаты дæр байгом сты «Рæзты тæлм»-ы центртæ. 2023 азы 1 сентябрæй нæ районы 7 скъолайы фæзындысты кадетон кълæстæ.
— Адæмы удæнцойдзинадæн цы арæзт цæуы?
— Уæлдай æргом здæхт цæуы абон æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты уавæрмæ. Конкурс «Малые города и исторические поселения»-йы уæлахиз нын фадат радта Беслæны Центрон парчы хæрзвадат арæзтмæ бавналынæн. Федералон проект «Формирование городской среды»-йы фæлгæты та фæуыдзæн БМК-йы Уæлахизы парчы рацарæзт.
Хицæн адæймæгты æххуысæй хæстæгдæр фидæны арæзт æрцæудзысты спортивон фæзуæттæ Олгинскæйы хъæуы æмæ Беслæны 6-æм скъолайы кæрты.
Рахизфарсы районы муниципалон программæ «Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй раивын»-ы фæлгæты 2023 азы кæронмæ 12 бирæфатерон хæдзары цæрджытæй 324 адæймаджы баивдзысты сæ цæрæн бынæттæ ног ранмæ. 11 бинонтæн, сæхи фæндонмæ гæсгæ хæдзæртты бæсты лæвæрд æрцыд æхца.
— Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц?
— Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæ стыр хъомыс сты муниципалитеты бирæ социалон ахсджиаг фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы. Дарддæр дæр ууыл архайдзыстæм.
Кæд Рахизфарсы районы социалон къабазмæ бюджетæй стыр инвестицитæ цæуы, уæддæр æнæ зæгъгæ нæй, хицæн адæймæгты æххуыс районы экономикæйы рæзтæн куыд ахъаз сты, уый тыххæй.
Фæнды мæ фæбæрæг кæнын, дыууæ миллиард сомы аргъ инвестицион проект «РусМодус-Фид» куыд æххæстгонд цæуы, уый. Куыстуаты хъомыс у 250 тоннæйы суткæмæ кæсæгтæн æмæ 300 тоннæйы æмхæццæ холлæгтæ цæттæ кæнын стурвосæн. Ныридæгæн уал куыстуаты фæллой кæнынц 128 адæймаджы.
Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Казачий хутор»-ы æнтыстдзинæдтæ ныридæгæн хъуыстгонд сты. Дарддæр дæр нырыккон дыргъдоны фæзуат парахат кæндзæн. Районы цæрджытæй дзы фæллой кæны 50 адæймаджы бæрц.
Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «АСТ»-ы стурвос æмæ мæргътæн æмхæццæ холлæгтæ цæттæ кæнынц, уымæй уæлдай, ам æфснайд æмæ хусгонд цæуынц хоры культуртæ. Куыстуаты фæллой кæнынц 53 адæймаджы. Йæ разамындмæ ис фæндон, цæмæй суткæмæ йæ хъомыс 150 тоннæйы кæмæн уа, ахæм мæнæуыссæн куырой саразын. Арæзт æрцæудзысты административон бæстыхай æмæ кусджытæн лæвар хæрæндон.
— Уæ район сæрбæрзонд кæмæй у, куысты, ахуырады, спорты, медицинæ æмæ царды æндæр къабæзты, уыцы адæм чи сты?
— Нæ районы, йæ гыццыл Ирыстонæн стыр кад æмæ ном чи скодта, ахæм адæм бирæ ис, номæй-номмæ сæ нымад дæр нæ фæуыдзыстæм. Не ‘хсæн чи нал ис, фæлæ ирон культурæмæ зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыдон сты: фыццаг ирон сылгоймаг драматург Кочысаты Розæ, нæ республикæйы адæмон поэттæ Ходы Камал æмæ Хъодзаты Æхсар, фыццаг советон ахуыргонд-лингвист Æлборты Барис, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, зарæггæнæг, радиойы диктор Мамсыраты Тасолтан, Советон Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæ, УСФСР-йы адæмон артист Уататы Бимболат. Уæдæ æрмæст Бæтæхъойыхъæуæй рацыдысты æртæ Советон Цæдисы Хъæбатыры: Плиты Иссæ, Ходы Константин æмæ Бзарты Георги. Æнæ æрымысгæ нæй РЦИ-Аланийы фыццаг Сæргълæууæг Галазты Æхсарбеджы ном дæр. Абон дæр нæм ис, йæ удуæлдай фæллой æмæ зæрдиаг архайдæй Ирыстоны кадыл кад чи æфтауы, ахæмтæ. Уыдонимæ — дирижер æмæ композитор, национ оркестры аивадон разамонæг Гæздæнты Булат, Олимпиаг хъæзтыты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Сидахъаты Зауырбег, фыссæг æмæ публицист Дауыраты Дамир æмæ ма бирæ æндæртæ.
Сосланимæ бирæ фæныхас кодтам зæрдæйæ-зæрдæмæ. Æргомдзырд, зондджын, арæхстджын разамонæг. Царды фæлтæрддзинад æмæ спорты стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæй бафтыд, уыдон ын, æнæмæнг, фæпайда сты йæ бæрнон куысты. Фрайы-фырт йе ‘мкусджытимæ сæ размæ цы стыр нысантæ æвæрынц, уыдон сæххæст кæныныл архайынц. Фæнды йæ йæ адæмæн бирæ хорздзинæдтæ саразын. Куыд банкъардтон, уымæ гæсгæ у Ирыстоны æцæг патриот. Бирæхæттыты йын фадат уыд, æмæ ныр дæр ис, стыр горæтмæ, æндæр бæстæмæ хуыздæр цардагур ацæуынæн, фæлæ йæ зæрдæ никуы сивта йæ райгуырæн Беслæныл, Ирыстоныл. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы иунæг æхсæв дæр никуы баззад. Æнæ Беслæн ын цард ад дæр нæ кæны. Уый та уый æвдисæн у, æмæ йæ зæрдæ кæй никуы сивдзæн йæ фыдыуæзæгыл. У æмгарджын, хистæртæн — уæздан кæстæр, кæстæрты та — раст фæндагыл аразæг, аудаг хистæр.
— Мæ царды мын бирæ адæм баххуыс кодтой, се ‘ппæты нæ ранымайдзынæн, фæлæ сæ алкæддæр бузныг уыдзынæн. Уыдоны ‘хсæн, Дзæгъойты Рамазан æмæ Андиаты Сослан. Хъыгагæн не ‘хсæн нал сты, рухсаг уæнт, — зæгъы Фрайы-фырт.
Йæ фыццаг ахуыргæнæг Любовь Семены чызг Исуповайы куыд æхсызгонæй æрымысыд, уый йæ фæлмæн мидбылбахудтæй дæр бæрæг уыдис.
— Æз ам Беслæны цæрын æмæ цæрдзынæн, ардыгæй никуыдæм ацæуинаг дæн. Цæрæнбонты районы сæргълæууæг дæр нæ уыдзынæн, æмæ райсом мæ сыхæгтæм, ме ‘мхъæуккæгтæм мæ бон цæмæй сыгъдæг цæсгомæй бакæсын уа, ууыл алы бон дæр архайын, — загъта кæронбæттæны Сослан.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here