Мæскуымæ Æппæтуæрæсеон адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты равдыстыты фæзмæ æрæмбырд сты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы 21 съездмæ æрвыст минæвæрттæ. Æдæппæтæй уыдысты 1000 адæймагæй фылдæр æппæт бæстæйæ.
Цæгат Ирыстоны делегацийæн разамынд лæвæрдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, партийы регионалон хайады нымæрдар Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар, партийы регионалон исæн уаты разамонæг Тускъаты Таймураз, партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат, арæзтад æмæ архитектурæйы министр, съездмæ æвзæрст депутат Атарты Георги. Съезды куысты архайдтой сенатор Виталий Назаренко, Паддзахадон Думæйы депутаттæ Мæхъиты Зураб æмæ Таймазты Артур.
Съезды æрныхас кодтой сæйраг политикон партийы нысантыл, уымæй уæлдай ма сразы сты, Уæрæсейы Президенты ног æмгъуыдмæ равзарынмæ Владимир Путины кандидатурæ рахæссынимæ. Ахæм хъæппæрисимæ съездмæ рацыд партийы разамонæг Дмитрий Медведев. Хъæлæс кодтой æргом уагæй.
Пленарон æмбырды архайджытæм фæсидт Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Уый уал бузныг загъта сæ æнæаивгæ ахстбынаты тыххæй, ахсджиаг ын кæй у, уый дæр фæбæрæг кодта. «Иугонд Уæрæсе»-имæ ма йæ нырма бирæ хъуыддæгтæ саразын бахъæудзæн. «Мæнæн уæ ахаст тынг ахсджиаг у, иумæ бирæ тыхстдзинæдты сæрты ахызтыстæм. Æнтыстытæ нæ къухы æфтыдысты, Уæрæсейы сæраппонд ма нæ стыр хъуыддæгтæ скæнын бахъæудзæн», — бацамыдта Президент.
Алкæуыл дæр стыр бæрндзинад кæй ис, уый дæр фæбæрæг кодта Владимир Путин. «Нæ размæ историон нысантæ лæууынц. Сæ авналæнтæ нæ домынц кæрæдзи цур æрбалæууын, партион тыхтæ хъуамæ æрбаиу уой. «Иугонд Уæрæсе»-йæн, йæ фарс хæцджытæн, æппæт регионтæн, социалон, дæсныйадон къордтæн уый бæрæг кæны сæ цæттæдзинад бæрнон куыстмæ, размæ цæуынмæ. Уæрæсейы æппæт адæмимæ хæдбардзинады, сæрибардзинады, æдасдзинады сæрыл тох кæнынмæ. Ома, цыдæриддæр нын зынаргъ у, уыдæтты сæрыл — истори, культурæ, хæзнатæ, традицитæ. Экономикæ, социалон къабаз, наукон-техникон хъомыс фидар кæнын, нæ бирæмилуан адæмы фæрнæйдзаг цардæн», — загъта Президент.
Владимир Путин куыд бацамыдта, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе» кæддæриддæр рæгъмæ хаста æмæ хæсдзæн иугæнæг æмæ æндидзæг боны фæтк, Уæрæсейы цæрджыты тыхстаг фарстатæм уыдзæн къæрцхъус. Сæйрагдæр нысаныл Президент схуыдта æппæт æмвæзады дзыллон хицауады рæзт. Уæрæсейы размæдзыдæн ис ахæм рахæцæнтæ: ерыс, фæндæтты бирæ хуызтæ, зындзинæдтыл æргом æмæ рæстаг ныхас, сæ алыг кæныны уынаффæтæ. Фидæнмæ нысантыл, Президенты хъуыдымæ гæсгæ, дзурын хъæуы адæмимæ иумæ.
Партийы уынаффæтæ æвзаргæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй тыхджын, хæдбар Уæрæсе кæй хъæуы, уыцы адæм сæ фидæн уынынц нæхи Президентимæ. «Ацы уæззау æмæ вазыгджын рæстæг Ныгуылæн нæ ныхмæ сарæзта агресси, Владимир Путин лæгау нæ бæстæйы хæдбардзинады, алы гражданины æдасдзинады, æнæниз æмæ фæрнæйдзаг æхсæнады цæрыны сæрыл тох кæны. Мах зонæм, нæ бæстæйы разамонæгæн ныртæккæ зын у, фæлæ ацы тохы иунæгæй кæй нæ баззайдзæн, уый хъуамæ æмбара. Ирыстон æмæ æнæхъæн Уæрæсе йæ цуры сты. Нæ бæстæйы рæзтæн цытæ хъæуы, уыдæттæ кæндзыстæм», — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Президенты æвзæрстытæй уæлдай съезды ныхас цыд генералон совет сног кæныныл. Уæрæсейы ног регионтæ нымайгæйæ, делегаттæ рахастой советы уæнгты нымæц 200 онг фæфылдæр кæныны фæндон. Генералон советы уæнгтæ систы Донецкаг Адæмон республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин, ДАР-йы Адæмон Советы разамонæг Артем Жога, Курскы облæсты гу бернатор Роман Старовойт. Уæлдæр советы уæнгтæ бавзæрстой ивддзинæдтæ дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ















