Национ проекттæ — бæрæггонд æмгъуыдтæм

0
188

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта, республикæйы фæзуаты национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй æмбырд. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Министрты кабинет, муниципалитетты разамонджытæ æмæ подрядон куыстуæтты минæвæрттæ.

2023 азы республикæйæн национ проекттæ сæххæст кæнынмæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаид 9,5 миллиард сомы, уыдонæй 7,5 миллиард сомы — федералон бюджетæй. Кæй радих кодтой, уыцы фæрæзтæй капиталон арæзт цæуы 170 объекты — куыд ногтæ, афтæ раздæры объекттæ дæр. Ныхас цæуы ахуырадон, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, культурæ, спорт, коммуналон хæдзарад, экологи æмæ фæндагон инфраструктурæйы объектты арæзтад, бындурон рацарæзтыл.
РЦИ-Аланийы финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег фехъусын кодта, иумæйаг бюджеты кассæйы æххæсткæнынад декабры æмбисмæ кæй схæццæ 89 процентмæ.
Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой, куыст æмбæлгæ уагæй кæм нæ цæуы, æмæ уый аххосæй бæрæггонд æмгъуыдтæм не срæвдз уæвынæй тæссаг кæмæн у, уыцы арæзтадон æмæ бындурон рацарæзты объектты уавæрыл.
Сергей Меняйло бахахх кодта, куыстытæ æмгъуыдтæм сæххæст кæныны вазыгджындзинад æмæ, подрядон организацитæй химæ райст хæстæ чи не ‘ххæст кæны, уыдонмæ бартхъирæн кодта хъуыддаджы уæззау фæстиуджытæй. Республикæйы Сæргълæууæг профилон министрадтæн бафæдзæхста куыстытæ фæтагъддæр кæнын.

Гапбаты Алетæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here