Фæлладуадзæн тæлмы рацарæзт

0
220

Горæт Беслæны кæронмæ æрхæццæ, инæлар Плийы-фырты уынджы цы фæлладуадзæн парк ис, уый рацарæзт. Уый тыххæй фехъусын кодта Беслæны бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, подрядчик кæронбæттæн куыстыты рæстæг фæлладуадзæн тæлмы сæвæрдта аттракционтæ. Уымæй размæ та æххæстгонд æрцыдысты бындурон цалцæг æмæ фæлгонцады æппæт нысангонд куыстытæ дæр. Уыимæ, цалцæггæнджытæ базылдысты, парчы фæзуатыл цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдонмæ дæр.
Ног цалцæггонд объект бабæрæг кодта Беслæны сæргълæууæг Татараты Вадим. Уый æмæ иннæ специалисттæ аргъ скодтой фæлгæсæн цалх æмæ иннæ аттракционты цæттæдзинады къæпхæнæн.
Администрацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, фæлладуадзæн парк бындурон рацарæзты фæстæ кадджын уавæры ногæй байгом кæндзысты уалдзæджы.
Зæгъын хъæуы, фæлладуадзæн тæлмы цалцæг нысанмæарæзт федералон программæ «Чысыл горæттæ æмæ историон цæрæнбынæттæ»-йы фæлгæты æххæстгонд кæй æрцыд, уый дæр. Куыстытæ райдыдтой 2023 азы уалдзæджы.

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here