Паддзахадон хæрзиуджытæ — «Осетия-Ирыстон»-ы минæвæрттæн

0
247

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло паддзахадон хæрзиуджытæ радта национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæн. Фембæлд уыд Хицауады хæдзары.

Æмбырды райдайæны республикæйы разамонæг телекомпанийы кусджытæн арфæ ракодта сæ бирæазон зæрдиаг куысты тыххæй.
— Зæрдиаг бузныг уын зæгъын уæ ахсджиаг куысты тыххæй! Ныртæккæйы зын уавæрты сымах хъахъхъæнут национ телеуынынады хуыздæр традицитæ. Æмæ уыцы куыст кæнут хъазуатонæй, — бафиппайдта Сергей Меняйло.
Æппæт арфæты фæстæ фембæлды архайджытыл сæмбæлдысты сæ хæрзиуджытæ. Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй журналистикæйы къабазы сгуыхтдзинæдтæ æмæ бæрзонд профессион дæсныйады тыххæй кадджын ном «Цæгат Ирыстоны сгуыхт журналист» лæвæрд æрцыд Хъулаты Юрийæн, телекомпанийы хистæр редакторæн.
Бирæазон сыгъдæгзæрдæ куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæ райстой: телекомпанийы информацион службæйы шеф-редактор Æлбегаты Генриеттæ, дирекцийы генералон продюсер Баскаты Ольгæ, административон-хæдзарадон службæйы сæйраг инженер Бæтиаты Аслан, телеоператор Гæбуаты Артур, техникон-куыстадон службæйы хицау Гæджынаты Давид, тематикон æмæ информацион равдыстыты службæты шеф-редактортæ Гуыбаты Людмилæ, Джыккайты Аннæ æмæ Дзапарты Георги, рауагъды пъланты службæйы хицау Дзестелты Мария, уацхæссæг Къæбулты Иринæ, телеоператортæ Александр Левченко æмæ Суанты Алан, коммерцион директор Мæрзойты Оланæ, сæйраг режиссер Рæмонты Маринæ æмæ 2021-2023 азты информацион равдыстыты службæйы хицау Хъуысаты Ноннæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй национ телекомпани «Осетия-Ирыстон» йæ куыст райдыдта 2017 азы 1 декабры. Æхсæвæй-бонæй цы телеканал кусы, уымæн йæ равдыстытæ лæвæрд цæуынц уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here