Стыр бузныг нæ хæстонтæн æххуысы тыххæй!

0
378

Æрæджы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æнæнхъæлæджы бабæрæг кодта, бархийæ хæстонтæн чи æххуыс кæны, уыдоны æрмадз.

«Базонгæ дæн волонтерты змæлд «Бахъарм кæн салдаты»-имæ — диссаджы сылгоймæгтæ! Æнкъараг, искæй рис зæрдæмæ исаг, бæрнон.
Куыддæр сын уæгъд рæстæг фæвæййы, афтæ атагъд кæнынц æрмадзмæ. Аразынц æмæ фронтмæ æрвитынц маскировкæйæн хызтæ, подсумкæтæ, цæфтæ хæссынæн сынтытæ, хуыссæнгæрзтæ госпитæлтæн, мыдадзын цырæгътæ, бынæттон цæрджытæн хъæугæ дзаумæттæ…
Ахуыргæнджытæ æмæ дохтыртæ, дуканигæстæ æмæ офисты кусджытæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ, хæдзары ‘фсинтæ æмæ пенсиисджытæ — алчидæр ам йæхицæн бæрнон куыст ары. Уый сын ног фæлтæрддзинад у, фæлæ сæ иумæйаг хъуыддаг — зæрдиагæй нæ хæстонтæн, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ феххуыс кæнын — кæрæдзи фарсмæ æнгом æрбалæууын кодта.
Зæрдиаг ныхас акодтон активон сылгоймæгтимæ. Сæ куысты цæлхдурты тыххæй дæр мын радзырдтой. Фыццаджыдæр сæ хъæуы информацион æххуыс, цæмæй фылдæр адæм базоной, цы архайæг сты, уый, æмæ сæ фарсмæ æрбалæууой. Цæй æмæ сын иумæ феххуыс кæнæм! Цы нæ бон у, уый саразæм!
Змæлды куыстуарзон, фæлмæнзæрдæ сылгоймæгтæн та нæ сæрæй ныллæг кувæм! Стыр бузныг, нæ хæстонтæн кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй!» — ахæм арфæтæ ракодта регионы разамонæг æрмадзы архайæг волонтертæн йæ фембæлды кæронбæттæны.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here