Хатдзæгтæ æмæ фидæны нысантæ

0
277

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй знон ацыд 2024 азы фыццаг аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ иннæ ведомствæты разамонджытæ.

Æмбырды ныхас цыдис ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл æмæ фидæны нысантыл. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Ног азы æмæ æнтыстджын куысты фæдыл арфæтæ ракодта æмбырды архайджытæн.
Нæ республикæйы оперативон уавæры тыххæй раныхас кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, афтæмæй бæрæгбæтты мадзæлттæ æмæ фæлладуадзæн бонты рæстæг æвирхъау цаутæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады нæ уыд, уæддæр зæйтæ æрцыдис — 4, зынгсирвæзтытæ та — 11, хъыгдардбаййафæг адæймæгтæ та дзы нæ разынд. Фæндагон фыдбылызты хъыгдард баййæфтой 14 адæймаджы.
Сергей Меняйло бахæс кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы разамонæгæн, цæмæй сæ цæст фæдарой Уæллаг Ларсы транзитон транспорты цыдмæ.
— Иууылдæр зонæм, зымæгон боныхъæд куыд раив-баив кæны, уый. Уæлдæфы температурæ кæй æрхаудзæн, уымæ гæсгæ зæйтæ ракæлыны цаутæ æмæ иннæ æрдзон фæзындтытæн æнæ уæвгæ нæй. Ацы ран къæрцхъус хъæуы арæныл цæуæг бæлццæттæм. Транспорт рæстæгмæ кæм æрлæудзæн, ахæм æдас бынæттæ Уæллаг Ларсы саразут, — загъта Сергей Меняйло. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы Сæргълæууæг районты хицæуттæн бафæдзæхста, хъармгæнæн системæ, доны æмæ энергетикæйы фарстатæм бæлвырддæр цæст дарын. Бригадты куыст æнæкъуылымпыйæ куыд цæуа, афтæ.
— Мониторингы фæрцы кæсут уавæрмæ. Телеграм-каналмæ, уым нæ республикæйы цæрджытæ сымахæй раздæр равæрынц лыггæнинаг фарстатæ. Алцæмæ дæр къæрцхъус ут, — фæнысан кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Нæ республикæйы эпидемиологон уавæры фæдыл та цыбыр информаци радта РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Министр бацамыдта, Ног азы райдайæны нæ республикæйы къуырийы дæргъы тагъд æххуысы машинæтæм кæй фæдзырдтой 7,821 хатты.
— Уыдонæй 47 сывæллоны æмæ 23 ас адæймаджы разындысты рынчын дзуарæй (корь). Уыдис цалдæр цауы коронавирусы фæзындимæ дæр. Ацы аз паддзахадон программæ «Земский доктор»-ы бындурыл дохтыртæ æрвыст æрцæудзысты Æрæфы æмæ Мæздæджы районтæм. Ис нын 15 бадзырды Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ дæр. Уыцы бадзырдты руаджы нæ республикæ райсдзæн хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ хостæ, уæрæхдæр кæндзыстæм нæ колл-центры куыст дæр, —загъта Тебийы-фырт. Сергей Меняйло фæнысан кодта, сæкæрниз æмæ онкологон рынчынтæн льготон хосты аргъ 2024 азы фыццаг æмбисæн дихгонд æрцыд 550 милуан сомы, кæд нæ фаг кæной, уæд та уæлæмхасæн мадзæлттыл цæмæй бацархайой. Нæ республикæйы Сæргълæууæг ма Тебиаты Сосланæн бафæдзæхста диспансеризацийы фарста сбæлвырд кæнын æмæ иуæй-иу районты «ФАП»-тæ кæй нæ кусынц, уыцы аххосаг равзарын.
Дарддæр Сергей Меняйло байхъуыста РЦИ-Аланийы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Оледжы раныхасмæ афæдзы бæрæггæнæнты тыххæй. Министр загъта, национ проекттæн æхцайы фæрæзтæ хардзгонд кæй æрцыд 99,98 проценты, паддзахадон программæтæн та — 97,6 проценты. Федералон фæрæзтæй ма æнæхардзгондæй баззад 99,3 проценты. Исахъы-фырт радзырдта, ивгъуыд аз декабры мызд бюджетон организацитæ хæстæгдæр бонты кæй райсдзысты, уый тыххæй дæр.
Æмбырды Сергей Меняйло уæлдæр амынд Хицауады уæнгтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, афæдзы дæргъы нæ республикæ цы национ проекттæ, паддзахадон программæты архайдзæн, уыдон сбæлвырд кæнын дæр. Ныхас цыдис, Беслæны теракты фæмардуæвæг æмæ хъыгдардбаййафæг адæмæн комкоммæ æххуыстæ закъоны бындурыл бакæнын. Уымæй уæлдай, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» фондмæ фылдæр æргом аздахын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ чи фæмард, уыдоны бинонтæн материалон æххуыстæ бакæныны æмæ сæ сывæллæттæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цæмæй бацæуой, уыцы фарстатыл бацархайын.
Æмбырды архайджытæ æркастысты нæ республикæйы иннæ социалон-экономикон фарстатимæ баст хъуыддæгтæм дæр.

Саутæты Тамилæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here