Систы ног фатерты хицæуттæ

0
232

Бюджеты къабазы кусæг адæмæй уæлбар лæггæдтæ чи исы, уыдонæй 110 бинонтæн радтой ног фатертæй дæгъæлтæ. Сæ ног цæрæн бынæттæ сты, Кироваг курсантты уынджы цы комплекс фæзынд, уым.


Бирæфатерон уæладзыгон хæдзары алфамбылаймæ базылдысты, сцæттæ йæ кодтой йæ ног хицæутты æрбацыдмæ. Æппæт фæлгонцадон куыстытимæ, хъармгæнæн хызтимæ æмæ нымайæн прибортимæ хæдзар радтой цæрынмæ.
Амондджын цæрджытæн арфæтæ ракæнынмæ æрбацыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд радзырдта, афтæмæй йын Ног азы райдайæн æхсызгон у фатерты хицæуттæн зæрдæбын арфæтæ ракæнын. «Ацы вазыгджын рæстæг махæй аразгæ цы у, уый скодтам. Граждæнты цард фадатджындæр скæнын нæ хæс у, бынтондæр цæрæнуæтты фарста бынтон уæззау кæмæн у, уыдонæн. Ацы ран хъуыддæгтæ нæ къухы бафтыдысты программæ «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ»-йы фæрцы. Фатерты аргъ зынгæ ныллæгдæр рауад базарады æргътимæ абаргæйæ. Уæ ног цæрæнбынæттæ амондæй, фарнæй дзаг уæнт, уæ сыхæгтимæ кæрæдзи æмбаргæйæ куыд цæрат, ахæм арфæ уын кæнын», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Бирæфатерон хæдзары арæзтад банымайæн ис, «РЦИ-Аланийы граждæнты асламдæр æмæ фадатджындæр фатертæй сифтонг кæныны» республикон паддзахадон программæйы дыккаг къæпхæныл. Уый фадат радта, цæмæй граждæнты хицæн къордтæ фатертæ райсой 20 проценты асламдæрæй.
Фарон программæмæ гæсгæ сарæзтой 3 бирæфатерон хæдзары, сæ иумæйаг фæзуат рауад 15 мин квадратон метры. Афтæмæй 229 бинонтæ райстой асламдæр æмæ фадатджындæр фатертæ, алцыдæр дзы арæзт æрцыд, æрмæстдæр дæгъæлтæ райс æмæ дзы цæр. Ныр та аразджытæ сцæттæ кодтой 110 фатеры, программæ дарддæр æххæстгонд цæуы. Аразджытæ срæвдз кæндзысты 110 æмæ 65 фатеры.
Бирæсывæллонджын бинонтæ аразджытæй æмæ республикæйы разамындæй фæйнæ 5 проценты райстой субсидитæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы руаджы фатерты аргъ фæныллæгдæр.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here