Ралæууыд Ног аз. Алы адæймаг дæр йæ зæрдæйы нывæнды цавæрдæр рухс бæллицтæ, тырны йæ размæ æвæрд нысантæм, æмæ йæ уырны, йæ къухы алцыдæр кæй бафтдзæн, уый.
Цымæ цавæр уыдзæн 2024 аз? Цы нын æрхæсдзæн йемæ ногдзинад æмæ хорздзинадæй? Дызæрдыггаг нæу, æппæт дунейы адæм дæр, фыццаджыдæр, сабырдзинадмæ кæй бæллынц, уый.
Ныр дыккаг аз Украинæйы зæххыл цæуы, Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд æфсæддон операци расидтис, уый. Не ‘мзæххон ирон фæсивæдæй дзы бирæтæ архайынц. Æвдисынц æхсар æмæ хъæбатырдзинад. Уыдон Ног азы бæрæгбоныл сæмбæлдзысты уазал æмæ уымæл акъоппыты.
Цæмæй иу чысыл сæ зæрдæтæ барухс уой, сæ зын фæрогдæр уа, уый тыххæй сын Ирыстоны бирæ хъæутæ æрæмбырд кодтой æмæ арвыстой гуманитарон æххуыс. Уыдонæй иуварс нæ баззад Кæрдзыны хъæу дæр. Ног азы къæсæрыл фæсивæд интернеты хызы расидтысты ацы хабар æмæ бамбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ 124 мин сомы. Бынæттон скъолайы кусджытæ дæр ма сыл бафтыдтой 14 мин сомы. Уымæй уæлдай сын балхæдтой нуазыны æмæ адджын дæттæ, æхсынæны зети, тамакотæ æмæ бирæ æндæр, æнæмæнгхъæугæ дзаумæттæ. Хъæуы сылгоймæгтæ та сын скодтой дзаджджын чиритæ.
Ног азы арфæтæ алкæй дæр уæд! Нæ фæсивæд та Уæлахизимæ сæ бинонтыл куыд сæмбæлой.
Гæбуаты Галинæ














