«Скиф»-ы хæрзиуæг

0
278

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло орден «Ирыстоны Намысæн» радта бархион батальон «Аланыстон»-ы командир Остъаты Русланæн (фæсномыгæй — «Скиф»).

Хæстон службæгæнæгæн ахæм бæрзонд хæрзиуæг саккаг кодтой йæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй. Тохы быдыры, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, уыцы æууæлтæ Остъаты Руслан æвдисы æххæстæй.
Сергей Меняйло сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæгæн бузныг загъта, йæ равзæрст фæндагыл ныфсджынæй кæй цæуы, йæ хæс кæй æххæст кæны, уый тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй, хæстон службæгæнджытæ сæ тыхтæ æрбаиу кæнгæйæ, лæгдзинад æвдисгæйæ, æппæт æвæрд нысантыл архайынц.

Нæ уацхæссæг

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here