Ацы азы сæйраг нысантæ

0
231

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта æмбырд йæ хæдивджытæн, ацы аз сын уый уыдис фыццаг кусæг æмбырд. Рæгъмæ рахастой министрты кабинеты ахсджиагдæр нысантæ.

Ацы аз хъуамæ министрты кабинет дарддæр бацархайа республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл, йæ цæрджыты фæрнæйдзаг цардыл. «Нæ размæ бирæ ахсджиаг нысантæ лæууынц — экономикæйы, социалон къабазы. Куыстмæ уайтагъд бавналын хъæуы. Æппæт рахæцæнты дæр хъуамæ равдисæм дзæбæх бæрæггæнæнтæ, уый тыххæй нын хорз фадæттæ ис», — загъта Дзанайы-фырт.
Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, сæйрагдæр у национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæнын. Уыцы хæс хицаудзинады размæ æвæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. «Фарон дæр нæ бæрæггæнæнтæ дзæбæх рауадысты, нæ иумæйаг архайд фæбæрæг. Афтæ бæрнонæй нæ бавналын хъæудзæн ацы аз дæр», — бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.
Алы министрад дæр хъуамæ йæ федералон ведомствæимæ дарддæр æмгуыст кæна, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ хъуамæ спайда кæной рæзты институтты æппæт авналæнтæй. «Ныртæккæ уыцы институттæ сты 20-ы бæрц, федералон æмвæзады кусынц. Семæ хъæуы бастдзинад сфидар кæнын, программæты æппæт рахæцæнты сæ бон у нæ фарсмæ æрбалæууын», — загъта Дзанайты Барис.
Уый ма йæ хæдивæг Æгъуызарты Муратæн бафæдзæхста, цæмæй йе ‘ргом аздаха республикæйы туристон къабазы рæзтмæ. Гранттæ райсыны фæстæ профилон объекттæ царды куыд æнтысынц, уымæ цæст фæдарын хъæуы.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here