Кусæг балцы — Цæгат Ирыстонмæ

0
206

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд статс-нымæрдар — Уæрæсейы Федерацийы Граждайнаг хихъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварсгæнæг министры хæдивæг Алексей СеркоимÆ. Уый Цæгат Ирыстонмæ ссыд кусæг балцы.

Фембæлды архайджытæ æркастысты регионы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæ саразыны æмæ Транскамы автомагистралы æдасдзинады фарстатæм. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, Цæгат Ирыстоны æртæ муниципалон сконды арæзт кæй æрцæудзæн зынгсирвæзтыты ныхмæ службæйы цыппар субъекты: Алагиры районы — Дзуарыхъæуы, æппæт афонты чи кусдзæн, уыцы туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы, Æрæфы районы — Мæцутæйы хъæуы æмæ Мæздæджы районы — станицæ Павлодольскаяйы. Уый руаджы зынгсирвæзтыты бынæттæм службæйы кусджытæ тагъддæр хæццæ кæндзысты, уый та ратдзæн фадат сæ материалон сæфтытæ, стæй арты аххосæй фыдбылызы чи бахауы, уыцы адæмы нымæц фæкъаддæр кæнынæн.
Алексей Серко йæ кусæг фембæлды рæстæг архайдзæн Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды æнæнхъæлæджы цæутæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварсгæнæг министрадты хицæуттимæ Дзæуджыхъæуы арæзт цæлхæмбырды, æркæсдзысты дзы территориалон оргæнты куыст фæхуыздæр кæныны фарстатæм.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-слжбæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here