Уæрæсейы адæм иумæ куы æрбангом вæййынц, уæд нын æмсæр ссарæн нæ вæййы, уый нæ æнтыстыты æмæ нæ уæлахизты сæйрагдæр æууæл у, зæгъгæ, паддзахады разамонæг Владимир Путин хуымæтæджы нæ загъта Мæскуыйы Лужникты фæзы концерт-митинджы.
Абон дæр та сæрмагонд хæстон операцийы архайджыты хъæбатырдзинады тыххæй æрмæг æвдыстой телеуынынады сæйраг каналтæй иуы информацион рауагъды, блок райдыдтой ирыстойнаг, Агънаты лæппуйы арæхстджын архайдæй тохы цæхæры. Уый йæ цæф хæстон æмгæрттæй æртæйæн, медицинон æххуыс бакæныны фæстæ сæ æдас ранмæ ракодта, уыцы-иу рæстæг знæгтæй цалдæры фæхъæуын кодта, афтæмæй. Ахæм рæстæг зæрдыл æрлæууы хистæрты ныхас, туг хæссы, зæгъгæ. Цы паддзахады сæрибардзинад æмæ сабыр цард хъахъхъæнынц, уый цæрджытæ архайынц хæстонтæн æххуыс кæныныл. Канд егъау куыстуæттæ æмæ ахуыргæнæндæттæ нæ, фæлæ хуымæтæг адæм дæр.
Адæмы æххуыс нæ хæстонтæн
Дзæуджыхъæуы Леоновы уынджы æхсæзæм хæдзары кæрты цæрджытæ иумæйагæй 2023 азы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн сæмбырд кодтой фондз сæдæ мин сомы æмæ сæ радтой алыхуызон хæрзаудæн организацитæм. Уыдон дзы балхæдтой генератортæ, бензинæй кусгæ хырхытæ, хостæ æмæ хæстонтæн æндæр æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæ. Операцийы райдайæны цæрджытæй арæзт æрцыд хъæппæрисджын къорд, йæ сæргъы — Уæрæсейы сгуыхт тренер Уырыймæгты Владимир, афтæмæй. Ис ын бастдзинад, сæрмагонд операцийы архайджытæн æххуыс чи фæхæццæ кæны бынатыл, уыдонимæ, стæй нæ хæстон лæппутимæ дæр.
Хæстонтæ сойын цырæгътæ агурынц, зæгъгæ, ЦХИ «Нæ хæдзар»-ы сæрдар Къониаты Олег æмæ Баймæтаты Асланимæ куы базыдтой, уæд бавдæлдысты, æмæ сæ хъусынгæнинаджы радон хатт фæсидтысты гуманитарон æххуыс бакæнынæн æхца сæмбырд кæнынмæ. Цалдæр бонмæ кæрты цæрджытæ æрæмбырд кодтой 78 мин сомы, стæй сойын цырæгътæн зестæй къоппытæ, æхцайы фæрæзтæй 71 мин сомы аргъ хæрзаудæн фонд хæстонтæн арвыста хостæ, хъæдгæмттæ бæттæн æрмæг æмæ тугуромæн фæрæзтæ.
Рухс — нæ хæстонтæн, рухс — нæ зæрдæты
Цы авд мины дзы баззад, уыдонæй Архонкæйы цæрæг Наташа Ивашова скодта 500 сойын цырагъы, а дыууæ боны сæ фæхæццæ кæндзысты нæ хæстонтæм. Операцийы райдайæнæй йын цал ахæм цырагъы бантыст скæнын, уый йæхæдæг дæр нал хъуыды кæны. Ацы хъуыддаджы йын ис æххуысгæнджытæ — мæздæггаг волонтертæ Кристина Хоружий æмæ Калоты Альбинæ. Зымæгон уазæлтты иуæй рухс кæнынц, иннæмæй, цалдæр дзы иумæ ссудзгæйæ хъарм дæттынц, уæдæ сын хæринаг ахъарм кæнынæн хæстон уавæрты æмбал нæй.
Цырæгътимæ сылгоймаг нывæрдта зынгхос, къафеттæ æмæ лимоны хус кæрдихтæ, цæмæй нæ хæстонтæ банкъарой, куыд зæрдиагæй сыл тыхсынц, уый. Уымæй уæлдай, госпитæлы цæф хæстонтæн баластой хъæццултæ æмæ цæфтæм зилыны фæрæзтæ.
— Мæ хъомылгæнинаг, Тотраты Æмзоримæ, уæрæсейаг гвардионимæ, нын ис бастдзинад. Уый хæцы Запорожьейы, цæмæй тыхсынц, уый нæм куы фехъусын кæны, уæд сын амал-гæнæнæй баххуыс кæнæм. Се ‘ххуысы хай хæссынц республикæйы Грекъаг-ромаг хъæбысхæсты скъолайы ног фæлтæр. Æнæ ‘рхъуыдыйæ нæ нæ ныууадзынц, Æмзоры фарсмæ цы хæстонтæ хæцы, уыдон. Бузныджы ныхæстæ нæм фæхæццæ кæнынц нырыккон бастдзинады фæрæзты фæрцы, — зæгъы скъолайы директор Уырыймæгты Владимир, кæрты хъæппæрисджын къорды сæргълæууæг. — Скъолайы ныры хъомылгæнинæгтимæ цы фæрæзтæ сæмбырд кодтам, уыдонæй нымæхсæн (маскировочный) хызтæ балхæдтам, Хъантемыраты Барис æмæ Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Русланы æххуысæй сæ фæхæццæ кодтам бынатмæ.
Æхсæнады ахæмтæ дæр ис
— Адæм се ‘ппæт æмхуызон не сты, йæхи иуварс чи ласы ацы ахсджиаг хъуыддагæй, ахæмтæ дæр разыны. Хæрзаудæн мадзалы хиуæттæ æмæ æддагæттæ нæй — иууылдæр мах сæраппонд хæцынц, нæ ауæрдынц сæхиуыл, суанг сæ цард радтыныл дæр разы сты, æмæ æхсæнадæй цас фылдæр æххуыс уыной, уыйбæрц сæ ныфс фидардæр кæны, сæ тухæн дзæгъæлы кæй нæу, ууыл æууæндгæйæ, æххæст кæнынц сæвæрд хæстæ,— йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Владимир.
Интервью — цæхæры тæлмæй
Йæ ныхæстæ æцæг кæй сты, уый æвдисынæн цыма уыд йæ телефонæй æрбадзырды сæр медицинон службæйы майор Бигъаты Аланæн.
Цæвиттон, Ирыстоны медицинон кусджытæ цы хæрзаудæн къорд сарæзтой, уый уæнгтæ æнгом баст сты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи ис, уыцы хæстон медицинон кусджытимæ, сæ иу, — Бигъайы-фырт.
Цалдæр боны йемæ бастдзинад нæ уыд, цæмæн, уый зын бамбарæн нæу, æнæ бæстон ыл дзургæйæ дæр. Æхсæвæрафон куы аивгъуыдта, уæд æнæзонгæ номырæй телефоны дзæнгæрæг райхъуыст, æнæхъуаджы дзурджытæ кæй сарæх сты, уый хынцгæйæ йæ нæ хъавыдтæн сисынмæ, фæлæ йæ цыма зæрдæ банкъардта, кæй агуырдтон, уый мæм йæхæдæг кæй дзуры. Ныххæцыдтæн дзыппыдаргæ телефоны цъæх нывыл, æмæ дзы райхъуыст нæлгоймаджы фæллад хъæлæс. Йæхи мын бацамыдта, бамбарын кодта, бастдзинад æвиппайды куы аскъуыйа, уæд дæм хъыг ма фæкæсæд, ма фæхæрам у, зæгъгæ.
— Ног бынаты стæм, йæ цæхæры, — дзырдта Алан. Цæрæм хъæды, нæ къорды ирон фæсивæдæй бирæ ис. Фæсномыгæй сæ зонынц нæ лæппуты: Сæрмæт, Атлет æмæ Скальпель. Зоныс, диссаджы ирон чызджытæ-медицинон хотæ кусы махимæ, хæссынц фæсномыг нæмттæ Феникс, Гжель, æртыккагæн мæхæдæг радтон ном — Бурик. Цæрдæг, зæрдæдарæн кæуыл ис, гадзрахатæй чи нæ рацæудзæн, ахæмтæ.
Дисы ‘фтауы нæ хæстонты хъæбатырдзинад, таурæгътæ хæссæн сæ ис. Сæ иуы тыххæй æнæзæгъгæ нæй, у дыууын цыппараздзыд лæппу Хуссар Ирыстонæй. Барвæндонæй æрбацыд нæ къордмæ. Цыбырдзырдæй, Бибæ (йæ фæсномыг ном) æрзылд республикæйыл æмæ йын цы фæрæзтæ бантыст сæмбырд кæнын, уыдонæй балхæдта хæдтулгæтæ, квадрокоптертæ, тар æхсæвы чи уыны, ахæм биноклтæ, æмæ нæм сæ æрбаласта. Уавæр йæхи цæстæй куы федта, уæд нал акуымдта фæстæмæ аздæхын, авд мæйы суари дæр нæ иста, афтæмæй хæцыд махимæ. Кæм стæм, уым ирон лæппу у дыккаг адæймаг, у инæлар, дыууæйæ та сты булкъонтæ.
Медицинон службæ бакодтой мæ бæрны, ацахуыр стæм хæстон уавæрты кусын. Ссардтон рынчындон, госпитæлтæн бынæттæ, хæлд чи не ‘рцыд, кæнæ хъыгдард тынг чи нæ баййæфта, ахæм агъуыстыты. Æрбаластой нын хъармгæнæнтæ, æххуыс нын кæнынц иннæ рынчындæттæ бахъуаджы рæстæг. Нæхæдæг дæр фæсте нæ лæууæм, цы гуманитарон æххуыс нæм цæуы, уымæй хай кæнæм бынæттон цæрджытæн. Тæхгæ чи кæны, уыцы хæцæнгæрзтæй бын кæнынц бынæттон цæрджытæ, зонынц, иу ран лæууæн кæй нæй, науæд æхсынц, нæ ауæрдынц сабыр цæрджытыл. Зæрæдтæй иутæн нæ бантыст æдас ранмæ рацæуын, стонг, уазалы, æвæгæсæгæй сæ куыд ныууадзæм. Госпитæлы сын байгом кодтон паллиативон бынæттæ, уым сæм хъарм уавæрты зилынц медицинон кусджытæ, дохтыртæ сæ низтæй дзæбæх кæнынц. Мæхæдæг дæр дзæбæх кæнын цæфты, бынæттон цæрджыты, фæлæ мæ сæйраг архайд у медицинон æххуысы уавæртæ нывыл уагыл аразын.
Диссаг у, фæлæ хæстон уавæрты дæр адæймаг кæуыл нæ фембæлдзæн. Ме ‘рвад булкъонимæ ам базонгæ стæм, кæрæдзиуыл куыд нæ фæцин кодтам!
— Алан, дæ хорзæхæй, газеткæсджытæн ма дæхи тыххæй радзур.
— 2005 азы каст фæдæн Саратовы æфсæддон-медицинон институт. Æфсæддон дохтырæй бакуыстон Налцыччы 2005-2008 азы онг, уыдтæн Цæцæны республикæйы. Дæс азы размæ ацыдтæн æфсæддон куыстæй, арæныл бакуыстон тагъд æххуысы службæйы дохтырæй, ковиды рæстæг та — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны, Мæскуыйы. Беслæны рынчындоны рынчынтæ исæн хайады фæллой кодтон, афтæмæй медицинон кусджытæм фæсидт республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм æххуысмæ ацæуæм. Уæдæй абонмæ æххæст кæнын мæ хæс.
— Хæдзары дæм æнхъæлмæ кæсынц дæ бинонтæ — дæ бинойнаг æмæ æртæ фырты, сæ хистæр хо Аланæимæ.
— Аланæйыл мартъийы æххæст кæны 10 азы, йæ кæстæр Батрадзыл июны сæххæст уыдзæн 9, кæстæр Самурыл та июлы цæудзæн 8 азы. Нæ кæстæрты фидæныл у нæ тох.
— Цавæр бæллиц дæм ис, уымæй дæ нæ фæрсын. Зонын æй, цы дзуапп ратдзынæ.
— Мæнæ хæст куы фæуа, уæд та цинæн дæр уыдзæн бынат нæ царды. Уæ куыст уæлахиз уæд, тынг бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ ис махимæ, кæсынц æмæ уынынц, Ирыстоны адæм куыд аудынц сæхиуæттыл, стæй канд уыдоныл нæ! Уæ къухы фæллой æмæ бæркад ма байсысæд! Уæлахиз уыдзæн махимæ!
Хуыбиаты Ларисæ














