Паддзахадон программæйы нысантæ

0
240

Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы республикон программæ 2023 азы æххæстгонд куыд æрцыд, уый равзарыны тыххæй РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта æмбырд.

Бындурон цалцæджы регионалон фонды разамонæг Тедтаты Рамазан радзырдта, 2023 азы республикæйы 79 бирæфатерон хæдзары кæй сцалцæг кодтой, уый фæдыл. Уыдонæй 36-мæ базылдысты пъланмæ гæсгæ, иннæтæ та уыдысты 2021-2022 азтæй баззайæг хæдзæрттæ.
Ацы аз сцалцæг кæндзысты 60 бирæфатерон хæдзары, сæ лифттæ дæр сты ивинаг. Куыд бамбарын кодтой Тедты-фыртæн, афтæмæй программæ хъуамæ 100 процентæй æххæстгонд æрцæуа.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуыддæгты ахадындзинад бæрзонд у, æмæ йæм цæст дарын хъæуы. Уæдæ фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг дæр йæхи бар ныууадзæн нæй. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, программæйы руаджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæн сæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты.
«Уæлдай æргом аздахут хæдзæртты цалцæджы хæрзхъæддзинадмæ. Иннæ рдыгæй лифттæ баивыны прогаммæ дæр хъуамæ фæпарахатдæр уа. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бафæдзæхста ацы вазыгджын куыст бакæнын, уæдæ иннæ бирæфатерон хæдзæрттæ дæр сбæрæг кæнын хъæуы. Уæд сæ нæ бон бауыдзæн бындурон цалцæджы программæмæ бахæссын», — загъта Дзанайты Барис.
Æмбырды ма рæгъмæ рахастой бирæфатерон хæдзæрттæн лæггад кæныны разамынддæттæг компаниты архайд.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here