Арæзтады къабазы уавæртæ

0
205

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ. Ныхас рауад арæзтадон къабазыл.

Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй 2019 азæй Цæгат Ирыстон ног фатертæм кæлæддзаг хæдзæрттæй раивта 1470 адæймаджы. Республикæйы разамонæг куыд бацамыдта, афтæмæй тыхтæй раст куы спайда кæной, уæд нæ бон бауыдзæн 6 азмæ кæлæддзаг хæдзæртты нымæц скуынæг кæнын.
Арæзтадон къабазы уавæры тыххæй дзургæйæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг загъта, паддзахадон æххуыс цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй райстой республикæйы 93 æрыгон бинонтæ. Цæмæй рад рæвдздæр змæла, уый тыххæй финанстæ фæфылдæр кæнын хъæуы. Уæдæ сæ цæрæн бынæттæ фæхуыздæр кæныны куырдиæттæ æрвитынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæр. Дыууæрдыгæй фарстамæ биноныгæй æркастысты.
Уæлдай æргом аздæхтой Уæрæсейы Президентæй цæуæг хæсмæ: хъуамæ зæйтæй рацæуыны тæссаг бынæтты цæрджыты раивой æдас рæттæм. Уыцы фарста Цæгат Ирыстонæн дæр тынг ахсджиаг у, Мæздæджы районы 159 хæдзары цæрджытæ æвзарынц тæссагдзинæдтæ. Дзæуджыхъæуы 261 гектарыл цы ног микрорайон хъуамæ фæзына, уыцы проектмæ гæсгæ саразын хъæуы социалон, инженерон æмæ фæндагон инфраструктурæ. Йæ сарæзт баст у къазнайады æфстæуттæй спайда кæнынимæ кæнæ «Сейсмика»-йы программæйы фæлгæты дæр бантысдзæн.
Ныхас ма рауад «Горæтаг фадатджын алфамбылай саразын»-ы программæйыл дæр. Фарон республикæйы къухы бафтыд 42 æхсæнадон фæзуатмæ базилын, 43 та уыдысты бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Уыдон дæр сфидауц кодтой. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Арæзтады министрады фæлтæрддзинад æмæ бакуыстытæ нымайгæйæ, кадртæ цæттæ кæныны бирææмвæзадон хыз саразын къухы кæй бафтыд, уый тыххæй радзырдта Ирек Файзуллинæн. Загъта йæ хъæппæрисы тыххæй дæр, ома, Цæгат Ирыстоны саразын кадрты регионалон центр. Уый кусдзæн арæзтадон къабазы разамынддæттыны ахадгæ хуыз скæныныл. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, зæрдæ дарынц, федералон ведомствæ ацы фарста кæй алыг кæндзæн, ууыл.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here