РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов скодта ведомствæты ‘хсæн кусæг къорды æмбырд. Уым равзæрстой æмæ сфидар кодтой федералон уæлбар лæггæдтæ исæг граждæнты бартæ. Хъуамæ сæ бон хостæ исын уа федералон бюджеты хардзæй.
Ведомствæты ‘хсæн къамис æрныхас кодта, нæ республикæйы цæрæг граждæнты хицæн къордтæм уæлбар лæггæдтæ хæццæ кæныныл, ома, хостæй сæ ифтонг кæныныл. Комкоммæ ныхас рауад инвалид уæвæг адæмыл, уыдон хауынц федералон уæлбар лæггæдтæ исæг граждæнтæм. Социалон лæггæдты бæрц райсыны бартæ сын хъæуы бахъахъхъæнын, уырдæм хауы хостæй сæ ифтонг кæнын дæр.
Йæ раныхасы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы уæлбар лæггæдтæ исджытæн сæ уавæртæ фæхуыздæр сты, 2005 азы сæрмагонд программæ куы фæзынд, уæд. Регионтæ уыцы нысантæн федералон бюджетæй исынц фæрæзтæ. Сæ бæрц баст у регионты уæлбар федералон лæггæдтæ исджыты нымæцимæ. Уыдон æхца исыны бæсты равзæрстой социалон лæггæдтæ.
Тебиайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, социалон лæггæдтæ равзарынæн ис хицæн ахадындзинад. «Рынчын фæцух вæййы хъæугæ хостæй, йæ дзæбæхкæнынадыл фæзыны, инвалидæн йæ уавæр афтæ дæр уæззаугомау вæййы æмæ ма йæ хостæ агурын дæр бахъæуы. Федералон социалон лæггæдтæй фæцух уæвын йæ фæстæ расайы фæрæзты кадавардзинад, æппæт уæз æрынцайы регионалон бюджетыл. Афтæмæй уæлбар лæггæдтæ исджытæм афойнадыл хъæугæ хостæ нал бафтынц», — загъта Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр.
Куыд ма бацамыдта, афтæмæй уæлбар лæггæдтæ исджытæн азы дæргъы уыд сæ социалон лæггæдтæ сног кæныны фадат. Паддзахадон æххуыс райсыны тыххæй хъуамæ 1 октябрмæ бадæттой куырдиат, уый фæстæ, иннæ азы 1 январæй уæлбар лæггæдтæ сног уыдзысты. Ведомствæйы разамонæг бахаста, ацы аз уæлбар лæггæдтæ сног кæныны хъæппæрис.
Æмбырды бахæс кодтой Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, Фæллой æмæ социалон рæзты министрадтæн, цæмæй уæлбар лæггæдтæ исджыты ‘хсæн æмбарынгæнæн куыст бакæной. Федералон социалон лæггæдтæ исджытæн фæахъаз кæнынимæ сразы сты РЦИ-Аланийы Социалон фонды, Медико-социалон экспертизæйы сæйраг бюройы кусджытæ дæр. Æппæт æмвæзады фарстамæ цæст фæдарынæй зæрдæ бавæрдтой.
Нæ уацхæссæг















