Цæгат Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæн сæ мызд афойнадыл фыст æрцыд, хæстæ никæмæй дарынц. Уый тыххæй Социалон-фæллойадон ахастдзинæдтæ нывыл кæныны æртæвæрсыг къамисы æмбырды уыд йæ раныхас Профцæдисты федерацийы сæрдар Касаты Таймуразæн.
Æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, архайдтой дзы профцæдисты æмæ куыстдæтджыты минæвæрттæ. Касаты Таймураз рæгъмæ рахаста Цæгат Ирыстоны æппынкъаддæр мызды тыххæй регионалон разыдзинады проект. Куыд бафиппайдта, афтæмæй мах стæм, бюджетон къабазы мызды хæстæ чи не ‘руадзы, Уæрæсейы уыцы регионты ‘хсæн.
«Мах уыцы бæрæггæнæнтæм цыдыстæм цалдæр азы, кæддæр фарста лыггонд æрцыд. Нæ иумæйаг куыстæн уый тынг ахсджиаг хатдзæг у. Кæцыдæр къабæзты æрмæстдæр ныхас цыд мызды бæрц фæфылдæр кæныныл. Ацы аз уыцы хъуыддаг дæр къухы бафтыд, культурæйы, ахуырады, бюджеты къабазы рахызтыстæм мызд фидыны ног хуызтæм», — загъта Профцæдисты федерацийы сæрдар.
Мызд фидыны фарстайы фæдыл радзырдта республикæйы Фæллойы паддзахадон инспекцийы разамонæг Берозты Тамерлан. Æмбырдмæ ма рахастой РЦИ-Аланийы Профцæдисты федерацийы, республикæйы куыстдæтджыты иугонды æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады ‘хсæн разыдзинады æртæвæрсыг проект 2024-2026 азтæм. Документ уæлдай æргом здахы фæллойы базары рæзтмæ, æгуыст адæмæн баххуыс кæнынмæ, фæллойы æдасдзинады уавæртæ саразынмæ.
Касаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй разыдзинады проект мызд фæфылдæр кæныны, æфтиæгты рæзты, æмæ фæллойгæнæг адæмы социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фарстатæ рæгъмæ хæссы. Уым бынат ссардтой социалон æмæ фæсивæдон политикæйы æмархайд, кусджыты æдасдзинад æмæ æнæниздзинад. Документы фыст æрцыдысты куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныны, промышленнон æмæ экологон æдасдзинады домæнтæ.
Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй иумæйаг куыст баст у кæронбæттæн хатдзæгимæ. «Кæрæдзи фехъусæм, æмбарæм, цы минæвæрттæ архайынц æмбырды, уыдонæн æппæт фарстатæ дæр сты зындгонд. Иумæйаг фæндæттæ фæбæрæг уыдзысты. Æртæвæрсыг къамисы уæнгтæ 10 бонмæ равзардзысты проекты социалон-фæллойадон ахастдзинæдтæ нывыл кæныны фадæттæ. Сæ фиппаинæгтæ бахæсдзысты, уый фæстæ проект бафысдзыстæм», — загъта Дзанайты Барис.
Уый ма Финансты министрадæн, районты разамонджытæн бафæдзæхста, цæмæй сæ цæст дарой, паддзахадон æмæ муниципалон кусджытæм мызд куыд хæццæ кæны, уымæ. Иугæр хæстæ ис, уæд уыдæттæ фехъусын кæныны тыххæй хъуамæ куса комкоммæ телефон. Æппæт уыцы хабæрттæ хъуамæ хæццæ кæной Æртæвæрсыг къамисы уæнгтæм æмæ Фæллойы паддзахадон инспекцимæ.
Æмбырды байхъуыстой «Промышленникты æмæ амалхъомты цæдис»-ы сæрдар Хъодзаты Аланмæ. Уый радзырдта 2023 азы куысты бæрæггæнæнтыл. Куыд загътой, афтæмæй сæйрагдæр у иумæйаг куысты размæдзыд бахъахъхъæнын. Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, республикæйы ис дзæбæх инвестицион уавæр, амалхъомтæ уыдæттæ æмбарынц. «Бирæ проекттæ царды æнтысынц, фондз дзы сты раззагдæртæ, уыдонæн радтой 65 миллиард сомы. Фæзындзæн нæм 7 мин ног куысты бынаты. Федералон æмæ регионалон æххуысы мадзæлттæй дæр пайда кæнæм, туризм рæзы. Аразын сын хъæуы дзæбæх фадæттæ. Уыцы ран Æртæвæрсыг къамисы архайд ахсджиаг у», — загъта Хицауады Сæрдар.
Æркастысты ма æндæр нысантæм дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














