Хидтæ æмæ былгæрæтты фидардзинад

0
200

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым ныхас рауад Дзæуджыхъæуы хидты, былгæрæттæ сфидар кæныны арæзты техникон уавæрыл.

Æмбырды архайдтой министрты кабинеты уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы минæвæрттæ. Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд радзырдта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы ис хидты сæрты æхсæз сæйраг бахизæны. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, хидты сæрты бахизæнтæ республикæйы царды ахсынц ахадгæ бынат, цæрджыты фадæттæ уыдонимæ баст сты.
Хицауады оргæнты æмæ æппæт профилон ведомствæты раз лæууы иумæйаг хæс — уыцы сконды техникон уавæрмæ æппынæдзух цæст дарын. Дзанайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй фарон Ногиры хиды бындуртæ фехæлдысты, йæ бацæуæнтæ йын сæхгæдтой. «Ныртæккæ фарста лыггонд цæуы, хиды сæрты бахизæнтæ рацараздзысты. Уый тыххæй Уæрæсейы Президент Владимир Путин РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды фæстæ сæвæрдта хæстæ. Хъуамæ республикæйы æппæт хидты уавæр раиртасæм», — загъта Хицауады Сæрдар.
Дзанайы-фырт бафæдзæхста, цæмæй куыстыты цæттæдзинады тыххæй хатдзæгтæ æрбадæттой, дарддæры архайдæн фадæттæ саразой, федералон æмвæзадмæ хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кæной. Уымæй уæлдай ма рæгъмæ рахастæуыд былгæрæтты кæрæттæ сфидар кæныны фарстатæ. Ныртæккæ Терчы рахиз фарс Беслæн ивылд донæй бахизыны нысанимæ цæуынц бындурон цалцæджы куыстытæ. Хъуыддæгтæ баст сты Беслæны рæзты генералон пъланимæ.
Уымæй уæлдай ма федералон æмвæзады куыст цæуы нæ регионы цалдæр хъæуы донивылдтытæй бахизыны хъуыддагыл. Зæгъæм, Дзуарыхъæу, Суадаг, Ногхъæу, уыдон æрбынæттон сты Фыййагдоны, Суадагдоны, Хайдоны былгæрæтты.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here