Кавказаг инвестицион форум

0
277

Цæгат Ирыстон архайдзæн, 28-30 майы цы дыккаг Кавказаг инвестицион форум нысангонд æрцыд, уым. Скæндзысты йæ Стъараполы крайы, Минеральные Водыйы горæты. Цæгат Ирыстоны сæйраг равдысты фæйнæгыл фенæн уыдзæн фондз размæдзыд проекты хатдзæгтæ, уыдон бахастæуыд республикæйы экономикон рæзты хуызмæ.


Республикæ æрбацæуæг адæмæн радзурдзæн, кластер «Агропромышленнон комплекс»-ы, транспортон-логистикон комплексы, ног туристон фæзуæтты, балергæсаг дарыны хæдзарады, алы афонты кусæг фæлладуадзæн туристон комплекс «Мамысон»-ы тыххæй. Цæгат Ирыстоны зæрды ис инвестицион проектты æмæ æмгуыстады бадзырдтæ бафыссыны, хи уагъд продукцийы хуызтæй саходыны, рог промышленносты уагъд дзаума равдисыны хъуыддæгтæ сæххæст кæнын.
Равдысты фæйнæгыл бæрæг дардзæн республикæйы бирæнацион æмæ бирæ динты хуызты иудзинад, фидæнмæ тырнындзинад, национ традицитæ бахъахъхъæнын. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Кавказаг инвестицион форум цæуы дыккаг хатт, хъуамæ суа æрвылазон æмæ ахадгæ амалхъомадон фæз.
«Цæгат Кавказы федералон зылдыл æххæст кæны 14 азы, афтæмæй форум бацæттæ æмæ йæ скæныны бæрæг дары нæ иумæйаг хæдзары размæдзыд æмæ рæзт. Ирыстон у цæгаткавказаг хæлар бинонты иу хай, кæддæриддæр цæттæ у архайдмæ. Амалхъомадæн æппæт уавæртæ саразыныл кусæм, фæстаг азты нæм стырдæр компанитæ кæй æрбацыд, уый дæр уыдæттыл дзуры. Немæ æнцон кусæн у, æдасæй æппæт хъуыддæгтæ дæр бантысдзысты. Мах цæттæ стæм дарддæр дæр инвесторты ахсджиаг проекттæ царды уадзынмæ», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Кавказаг инвестицион форумы фидаргонд æрцæуынц паддзахад æмæ амалхъомты ‘хсæн бастдзинæдтæ, уымæй Уæрæсейы инвестицион ахадындзинад рæзы. Хъуыддаджы программæйы архайдзысты паддзахадон хицауады оргæнты кусджытæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг компаниты минæвæрттæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты, наукон æмæхсæнады минæвæрттæ.
Форумæн разамынд дæтты Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад, йæ саразджытæ сты «Росконгресс»-ы фонд, «Кавказ.УФ»-йы акционерон æхсæнад. Йæ архайджытæн уыдзæн егъау инфраструктурон æмæ инновацион проекттæ æмæ программæты нырыккон рахæцæнтимæ æмæ раззагдæр нысантимæ базонгæ уæвыныны фадат. Æхсызгонæй фæмбæлдзысты зындгонд эксперттимæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here