Фæндæгты куысты фæтк, сæвзæргæ эпидемиологон уавæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ

0
206

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты разамонджыты æрвылкъуырион æмбырд. Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой республикæйы ахсджиагдæр автомобилон фæндæгты куысты фæткмæ, сæвзæргæ санитарон-эпидемиологон уавæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

Транспортон «дадзинтыл» сæвзæрæг оперативон уавæрыл дзургæйæ, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрдзон уавæртæм гæсгæ, Арвыкомы фæндаг рæстæгмæ æхгæд у уæзласæн транспортæн. Уыимæ, Ручъы фæндаг кусы æнæкъуыхцыйæ. Томайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, паддзахадон арæнмæ ‘ввахс бынæтты фæстаг бонты бамбырд уæзласæн транспорты 380 иуæгæй фылдæр. Паддзахадон арæны сæрты ахизынвæнд чи кæны æмæ рæстæгмæ æрлæууæн бынæтты чи ис, уыцы шофыртæ æмæ иннæ бæлццæттæн хъæугæ æххуыс лæвæрд цæуы.
«Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг къуырийы дæргъы грипп æмæ æндæр ахæм хæцгæ низтæй рынчынты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Тыбылы-фырты ныхасмæ гæсгæ, уымæн фыццаджы-фыццагдæр фæахъаз, скъолаты иу хай рæстæгмæ дæрддзæгмæ ахуырады фæткмæ кæй раивтой, уыцы æууæл.
Сæвзæргæ санитарон-эпидемиологон уавæрыл дзургæйæ, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ведомствæйы минæвæрттæ иудадзыг сæ цæст дарынц хъомыладон æмæ ахуырадон кусæндæтты уавæрмæ. Рынчынты нымæц дзæвгар кæм уыд, уыцы 69 рæвдауæндон æмæ скъолайы рæстæгмæ карантины сæхгæдтой.
— Ацы къуырийы райдайæнмæ карантины фæтк йæ тыхы ис 34 ахуырадон кусæндоны. Абоны уавæр хынцгæйæ, иннæ рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ рæстæгмæ сæхгæнын æнæмæнг хъуыддаг нæу, — бафиппайдта Алыбегты Эллæ.
Профилон ведомствæты хъусынгæнинæгтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло бафæдзæхста, цæмæй амæй фæстæмæ дæр бæстон цæстдард уа сæвзæргæ санитарон-эпидемиологон уавæрмæ. «Уавæр цæмæй æвзæрæрдæм мауал фæива, уый фæдыл æппæт хъæугæ профилактикон мадзæлттæ дæр дарддæр æххæст кæнут», — профилон ведомствæты разамонджытæн бацамыдта республикæйы Сæргълæууæг.
Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло цæстдарæг службæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй-ма иу хатт раиртасой, рæвдауæндæтты, скъолаты, стæй паддзахадон кусæндæтты цардархайды æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый дæр.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Хицауады сконды иуæй-иу структурон ивддзинæдты, фыццаградон национ проекттæ æмæ нысанмæарæзт федералон программæты уагæвæрдтæ æххæст кæнын æмæ æндæр фарстатæм.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here