Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы спорты министр Олег Матыцин. Знон нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ министр бабæрæг кодта спортивон объекттæ, фембæлд спорты къабазы кусджытимæ дæр.
Фыццаг федтой, стадион «Спартак»-ы арæзтад цавæр æмвæзадыл ис, уый. Куыд зонæм, афтæмæй республикон стадион «Спартак»-ы арæзтад цæуы нæ бæстæйы Президенты Указы бындурыл. Объект кæронмæ хъуамæ фæуа ацы аз майы. Подрядон организаци «Фарн»-ы кусджытæ æнæкъуылымпытæй архайынц сæ хæс афойнадыл сæххæст кæныны хъуыддагыл. Сæйраг куыстытæ ныры онг æххæстгонд æрцыдысты. Скæсæн æмæ Ныгуылæн трибунæты абон бетоны æмæ иннæ æфсæн конструкциты арæзтæдтæ фесты, рахызтысты электрокоммуникацитæ, бæстыхайы уæладзгуыты агъуыстытæ сæрдыны куыстытæм, доны хызтæ æмæ канализацийы фарстатæм. Райдыдтой трибунæты æддаг хуызтыл дæр кусын. Уымæй уæлдай, дарддæр цæуы бандæтты бынæтты куыст дæр.
Сергей Меняйло æмæ Олег Матыцин дарддæр бабæрæг кодтой, Джызæл æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн цы ног дыккаг ихын галуан » Тагбан», зæгъгæ, арæзт æрцыд, уыцы объект. Йæ иумæйаг фæзуат у 32 мин квадратон метры. Сарæзтой йæ инвесторты къорд Иринæ æмæ Алексей Бояркинты хъæппæрисæй. Проект æххæст кæны æнæххæст бæрндзинады æхсæнад » Тагбан». Ихын галуаны проект та бацæттæ кодтой, ахæм объекттæ аразыны фæлтæрддзинад бирæ кæмæ ис, уыцы сæрмагонд специалисттæ Бетъырбухæй. Галуаны арæзтады нысан у, нæ республикæйы ихын спорты хуызтæ райрæзын кæнын. Ихын галуаны ис : дыууæ ихын фæзы, трибунæйы бынæттæ — 500, уæлæдарæс ивæн хатæнтæ хи найыны уавæртимæ, иумæйаг æмæ сæрмагонд физикон цæттæдзинады æртæ залы, хæрæндон, кафе, методикон зал, къахдзоныгътыл ахуыр кæнынæн, фæзы ихы уавæрыл чи кусдзæн, ахæм машинæ, офисон блок, кæрты машинæтæн æрлæууæн бынæттæ —200, алы хъæугæ дзаумайы дукани, тренертæ æмæ тæрхонгæнджыты агъуыстытæ.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ министр кæрæй-кæронмæ æрзылдысты ихын галуаны æппæт агъуыстытæ æмæ бырæн фæзтыл. Сæхи цæстæй федтой, нырыккон техникæ куыд æмæ цы уавæрты кусы, уый, аныхас кодтой аразджыты къордимæ дæр. Уый фæстæ араст сты, Цоколайы-фырты номыл уынджы Хъæбысæй хæцыны тренировкæтæ кæнæн центрмæ. Ацы ран фембæлдысты спортивон æхсæнады минæвæрттимæ. Ныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны спорты къабазы рæзты фарстатыл. Тренертæ æмæ спортсментæм бирæ фарстытæ уыдис, абон нæ республикæйы бирæ хъæуты кæй нæ фаг кæны спортивон залтæ, физикон-дзæбæхгæнæн центртæ. Бокс, армрестлинг, ленк кæныны æмæ ихыл бырыны спорты хуызтæ тынгдæр райрæзын кæнын æмæ фылдæр уыцы хуызтæм æргом аздахыны фарстатæ æвæрдтой. Уæлдæр амынд спорты хуызтæ нæм уæвгæ сты, фæлæ сæм фаг хъусдард нæ цæуы, рæзгæ фæлтæр та сæхи тынгдæр ацы къордтæм здахынц.
Кусæг балцы кæрон УФ-йы спорты министр Олег Матыцин æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло журналисттæн радзырдтой спорты къабазы фидæны нысантыл. Олег Матыцин куыд загъта, афтæмæй спортивон инфраструктурæ республикæйы хорз æмвæзадыл ис.
— Нæ бæстæйы 89 регионы ис æмæ дзы алы ран ахæм мадзæлттæ нæй, Цæгат Ирыстоны спорты фарста бæрзонд æвæрд у. Республикæ рагæй дæр хъуыстгонд у, æнæхъæн бæстæ æмæ дунейы зындгонд ирон спортсментæй. Мæ балцы нысан та уыд, федералон разамынд спорты къабазы рæзтыл фылдæр архайынæн цы хæстæ сæвæрдта, уыцы фарстатæ регионы куыд æххæстгонд цæуынц, уый сбæлвырд кæнын. Æмæ федтон, республикæйы Сæргълæууæг спортмæ йе ‘ргом тынг кæй здахы, уый. Спорты рæзт нæ бæстæйы паддзахадон политикæйы фæзы сæйрагдæртæй иуыл нымад цæуы æмæ нæ хæс у æнæниз фæлтæры амондджын фидæнæн аразын æппæт мадзæлттæ дæр. Мæ зæрдæ дарын, майы стадион «Спартак»-ы фæзы фыццаг ерыстæ кæй ацæудзысты. Ног ихын галуан «Тагбан» -ы арæзтадмæ дæр бизнес-æмæхсæнад се ‘ргом хуымæтæджы нæ аздæхтой. Ирыстоны зæхх фæрнджын æмæ рæдау у дæсны æмæ курдиатджын спортсментæй. Æмæ ацы къабаз республикæйы райрæзын кæныны фарстатæм нæ цæст фæдардзыстæм. Ахсджиаг уыдис спортивон æхсæнады минæвæрттимæ дæр зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас. Уыдон æргом сæ хъуыдытæ загътой, абон цы нæ фаг кæны спорты къабазы, цы ма хъæуы саразын, цæмæй спорты æппæт хуызтæ дæр нывыл рæзой, уый тыххæй. Хорз спортивон скъолатæ æмæ разамонджытæ ис Ирыстоны. Программæты бындурыл цы бирæ проекттæ æмæ нысантыл архайы республикæ, уыдон сæххæст кæныны мадзæлттæм нæ бæстæйы Спорты министрад дæр йæ цæст фæдардзæн, — загъта министр.
Сергей Меняйло та куыд радзырдта, афтæмæй УФ-йы спорты министрадимæ æмгуыстады фæрцы нæ республикæйы арæзт æрцæудзысты боксы скъолатæ.
— Бирæ фæндтæ нæм ис, нæ республикæйы спорты стæм хуызтæ райрæзын кæныны фæдыл æмæ архайдзыстæм нæ нысантæ царды рауадзыныл,— загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Саутæты Тамилæ














