РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы кусæг æмбырд скодта, уым ныхас бацахстой министрты кабинеты фыццаградон хæстæ.
Æргом аздæхтой республикæйы туризмы къабазы рæзтмæ. Ацы аз дарддæр бакусдзысты бæлццæттæн нырыккон инфраструктурæ аразыныл. Уæрæсейы Экономикон рæзты министрады исынц куырдиæттæ туризмы къабазы Уæрæсейы Хицауады преми райсыны тыххæй.
Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Æгъуызарты Муратæн бахæс кодтой федералон конкурсы архайыны республикæ куыд балæудзæн, уымæ цæст фæдарын. Уæдæ æххуысы иннæ фадæттæй спайда кæнын дæр тынг ахсджиаг у.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фарон республикæ хуыздæр бынæтты сæрæнæй арæзта модулон фысымуæттæ. «Уый тынг дзæбæх фæрæз у, туризмы къабазы рæзтыл фæбæрæг. Куырдиæттæ куыд лæвæрд цæуынц, уымæ къæрцхъус ут, объектты бынæттæ равзарынмæ дæр уæ цæст дарут», — загъта Хицауады Сæрдар.
Дзанайы-фырт ма ахуырадон кусæндæтты уавæрмæ æргом аздахыны фарстайыл дæр æрдзырдта. Скъолайы агъоммæ æмæ астæуккаг скъолатæ бындурон цалцæгхъуаг æййафынц. Хицауады Сæрдар куыд бацамыдта, афтæмæй бавналын хъæуы проектон-хæрдзты гæххæттытæ цæттæ кæнынмæ, федералон æмвæзадмæ фарстатæ рахæссынмæ.
Хæстæ ма æвæрд æрцыдысты Хицауады Сæрдары хæдивджытыл: Александр Реутов хъуамæ йæ хъус дара дзæбæхгæнæндæтты финансон-хæдзарадон архайдмæ, Томайты Ирбег та — Сочийы Дунеон фæсивæдон фестивалы Цæгат Ирыстон куыд архайдзæн, уымæ. Фестивал нысангонд æрцыд 2024 азы мартъимæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-слжбæ














