«Сириус»-ы федералон фæзуаты, Сочийы, 1-7 мартъийы скæндзысты Æппæтдунеон фæсивæдон фестивал. Хъуыддаг цæмæй бантыса, ууыл ныхас цыд, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым. Оргкомитет æрныхас кодта æппæт ахсджиаг фарстатыл.
Республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джиоты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæй 845 балæвæрдтой куырдиæттæ. Фæнды сæ фестивалы архайын. Сæ кармæ гæсгæ сты 14 азæй 35 азы онг.
Делегацийы уæнгты сфидар кæныны тыххæй спайда кæндзысты сæрмагондæй равзарыны фæрæзтæй. Делегацийæ уæлдай ма фестивалмæ ацæудзысты 14 бархионы дæр. Уыдон алыхуызон нысантæ бынаты скæныны суыдзысты æххуысгæнджытæ, уыдонæй уæлдай ма фестивалмæ ацæудзысты Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ, культурæйы хъуыддæгты архайдзысты. Афтæмæй нæ республикæйæ Дунеон фæсивæдон фестивалмæ ацæудзæн 150 адæймаджы.
Фестивалы архайгæйæ нæ республикæ дæр сæмбæлдзæн фæсарæйнаг уазджытыл. Алы бæстæтæй Цæгат Ирыстонмæ ссæудзысты 40 адæймаджы. Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты комитет бæрнон у делегаттæн ахадгæ культурон программæ равдисыныл. Цыппар боны дæргъы нæ уазджытыл куыд сæмбæлдзысты, цавæр зæрдæмæдзæугæ бынæттæ бабæрæг кæндзысты, уыдæттыл бакусдзысты иннæ бæрнон ведомствæтимæ. Нæ адæмы традицитæ æмæ æгъдæуттимæ, историимæ сæ хъуамæ базонгæ кæнæм.
Дзанайты Барис куыд бафæдзæхста, афтæмæй уазджытæ хъуамæ фембæлой нæ номдзыд спортсментимæ, чемпионтимæ, уымæй дарддæр бацæттæ кæнын хъæуы экскурсион программæтæ. Нæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæй уæлдай уазджытæн равдисын хъæуы нæ промышленнон куыстуæттæ, культурæйы кусæндæттæ. Æппæтдунеон фæсивæдон фестивалы фæсарæйнаг делегаттимæ фембæлдзæн нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Республикæйы Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уæлдай цæст дарын хъæуы нæ регионы делегаци фестивалы куыд бацархайдзæн, уымæ. «Ахсджиаг хъуыддаг у фестивал, нæ фæсивæд тынг курдиатджын сты, республикæ аккаг хуызы равдисдзысты. Цæмæй æппæт нысантæ æнæкъуылымпытæй конд æрцæуой, уый тыххæй æппæт бæрнон адæймæгтæ къæрцхъусæй бацархайæнт. Стыр æргом аздахут фæсарæйнаг делегаттæм, хъуамæ банкъарой нæ уазæгуарзондзинад, республикæйы зындгонддæр бынæттимæ сæ базонгæ кæнут. Нæ фæсивæдимæ сын дзæбæх бастдзинæдтæ куыд фæзына, ууыл бацархайут», — загъта Дзанайы-фырт.
Бутаты Эльзæ














