Электрон тыхы хæстæ сбирæ сты

0
267

Куыд рабæрæг, афтæмæй республикæйы юридикон иуæгтæ хардзгонд электрон тыхæн 2023 азы нæ бафыстой 1 миллиард сомы. Уый хъусын кæны «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиал «Цæгкавказэнерго». Ахъуыды кæн, уæд, Мæздæджы районы фæлхасгæнджытæ азмæ æмхуызонæй кæмæй спайда кæндзысты, уый ахæм электрон тых у.

Фылдæр хæстæ дарынц цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæттæ, сæ хæс у 690 милуан сомы. Разæй сты «Дзæуджыхъæуккаг хъармдæттæн хызтæ» сæ 289,2 милуан сомимæ. Сæ фæстæ цæуынц «Донæфсисады æмæ донуадзыны республикон куыстуат» (128 милуан сомимæ), цæрæнуæтты хицæутты æмбалад «Бирæгъзæнг» (36,4 милуан сомимæ), куыстуат «Хæрзвадат» (33,2 милуан сомимæ), Рахизфарсы районы доны-канализацийы хæдзарад (22,7 милуан сомимæ), Æрыдоны доны хæдзарад (16,5 милуан сомимæ).
Æппынæдзух чи нæ фиды, уыдонимæ сты цæрæнуæтты кооператив «ЖСК-2» (18,3 милуан сомимæ), уæдæ Æрыдоны горæты бынæттон хиуынаффæйады администраци дæр электорн тыхæн хæс дары 84,1 милуан сомы, Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администраци та — 44,4 милуан сомы. Сæ фылдæрæн ис социалон ахадындзинад, ома, сæ электрон тыхæй нæ фæиппæрд кæндзынæ. Афтæмæй сæ хæсты тыххæй æнæ электрон тыхæй нæ баззайдзысты.
Хъæуы æрмæстдæр тæрхондонмæ хъаст бадæттын, афтæмæй ныр электрон тыхдæттæг куыстуат уыцы хъуыддæгтыл архайы.

«Россети Цæгат Кавказ»-ы филиал
«Цæгкавказэнерго»-йы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here