Республикæйæн — ахъаззаг æххуыс

0
223

Видеобастдзинады руаджы компани “ДОМ.РФ”-йы разамынды директор Анатолий Азизов æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æрныхас кодтой нæ республикæ æмæ паддзахадон корпорациты æмгуыстады фарстатыл, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, иумæйаг проекттыл цы куыст цæуы æмæ уыцы архайд дарддæр куыд парахатгонд цæудзæн, ууыл.

Райрæзты институт “ДОМ.РФ” Цæгат Ирыстонæн хъомысджын æххуыс кæны. Зæгъæм, Уæрæсейы Президент Владимир Путин нæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ цы нысан сæвæрдта — Дзæуджыхъæуы мастер-пълан бацæттæ кæнын, уымæн ахъаззаг æххуыс бакодта. Гæххæтмæ хаст æрцыдысты сæйрагдæр домæнтæ æмæ Цæгат Ирыстоны сæйраг сахары социалон-экономикон, культурон, экологон рæзты нысантæ 2030 азмæ.
Дзанайты Барис компанийы разамонджытæн арфæ ракодта, республикæмæ иудадзыг сæ цæст кæй дарынц, уый тыххæй, æмæ загъта, йæ зæрдæ кæй дары фидæны æмгуыстадыл дæр.
— Æрвылаз Цæгат Ирыстоны арæзт цæуынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, бирæ ахæм алыхуызон объекттæ, бæрзонддæр кæны адæмы царды хæрзхъæддзинад. Рæзы инвестициты нымæц. Æнæмæнг, дарддæр дæр зæрдиагæй архайдзыстæм компани “ДОМ.РФ”-имæ. Институты проекттæ нæ республикæйы социалон æмæ экономикæйы рæзтæн хорз ахъаз сты, — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Гапбаты  Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here