Не ‘мзæххон фæуæлахиз

0
217

Æрæджы Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы арæзт æмбырды рæстæг фæндагыл æдасæй цæуыны фæдыл æппæтуæрæсеон конкурс «Правила дорожные соблюдать положено» уæлахиздзауæн кадджын уагæй хæрзиуæг раттой.

Фæндагыл цыды фæтк æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у, ууыл ныхас цыд нæ бæстæйы алыхуызон регионтæй жюримæ бафтæг 7 мин сфæлдыстадон куысты. Цыппар номинацийы раззаг бынæттæ бацахсæг адæймæгтæ бæлвырдгонд æрцыдысты. Уæлахиздзауты ‘хсæн ис Цæгат Ирыстоны минæвар. Номинаци «Ныв»-ы фыццаг бынат саккаг кодтой Дзæуджыхъæуы Хъæбæлоты Билары номыл Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны фарастаздзыд хъомылгæнинаг Цоциты Дианæйæн.
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады автоинспекцийы управленийы разамонæг, пъæлицæйы булкъон Моурауты Таймураз, республикæйы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова æмæ æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Хæдтулгæскъæрджыты æппæтуæрæсеон æхсæнад»-ы регионалон хайады разамонæг Гокъоты Алан æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзауæн раарфæ кодтой æмæ йын хæрзиуæг радтой.
— Адæймаг фæндагыл цыды фæтк цæмæй биноныг æххæст кæна, ууыл æй сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кæнын æмбæлы. Не ‘взонг уæлахиздзау чызгæн зæрдиаг арфæ кæнын, — загъта Моурауы-фырт.
Конкурсæн фадæттæ сарæзтой æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Хæдтулгæскъæрджыты æппæтуæрæсеон æхсæнад», газет «Добрая Дорога Детства», стæй Уæрæсейы Мидхъуыддæгтæ æмæ Рухсады министрадтæ.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты
министрады пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here