«Фæсмон ницæуыл кæнын, разы дæн мæ хъысмæтæй»

0
234

Хæдзары æмæ бинонты фидауц сылгоймаг у, зæгъгæ, фыста газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг редактортæй иу — Бæдоаты Хъазыбег. Мæнмæ гæсгæ, стыр рæдыд нæ уыдзæн, царды фидауц дæр сылгоймаг у, зæгъгæ, ахæм хъуыды. Абон не ‘хсæнады иу къабаз дæр нæй, сылгоймаг йе ‘вæрæн кæдæм нæ хæссы, йæ зонд æмæ йæ хъарутæ кæм нæ фæлвары. Йæ архайд æвдисæн у, нæлгоймагæй æвзæрдæр кæй нæ арæхсы алы куыстмæ дæр.

Беслæн æмæ Октябрыхъæумæ хъуыддæгты фæдыл арæх чи цæуы, уыцы бæлццæттæ хорз зонынц Наталья Невзоровайы. Ацы æрыгон хæрзконд сылгоймаг маршрутон таксийыл кусы, æмæ йæ фыццаг чи фены машинæ скъæрæджы бынаты, уыдон дисы бацæуынц. Нæ республикæйы алы горæты нæ, фæлæ раст рæбинаг хъæуты дæр рог машинæтыл чи цæуы, ахæм сылгоймæгтæ — бирæ, «æфсæн бæхы» руаджы ныры дуджы фылдæр уый æххуысæй арæзт цæуынц хъуыддæгтæ. Фæлæ маршрутон таксийыл? Уый нырма цымыдисаг цау у.
Наташæимæ аныхас кодтам. Тынг æфсæрмдзаст у, æгъдауджын. Райгуырд Дзæуджыхъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ фыццаг базарадон техникумы сахуыр кодта, фæстæдæр та — Хъæууонхæдзарадон институты райста экономисты дæсныйад. Йæ цардæмбал Дмитрий дæр дзæуджыхъæуккаг у, афицер, ныртæккæ кусы Горæтгæрон районы æфсæддон комиссарады. Хъомыл кæнынц æртæ сабийы — дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Хистæр лæппуйыл цæуы 15 азы, у скъоладзау, астæуккаг йæ фыды фæндагыл ацæуын сфæнд кодта — суворовон училищæйы ахуыр кæны, сæ фарастаздзыд чызг та — æртыккагкъласон. Бинонтæ цæрынц Спутничы поселочы.
Наташæ йæ дæсныйадыл куыст не ссардта йæ рæстæджы æмæ иу рæстæг уыдис троллейбус скъæрæг дæр, 2001 азы та сбадт «маршруткæйыл». Уæдæй нырмæ нæлгоймæгты æмрæнхъ кусы автоколоннæ 1210-ы. «Ацы фысымуаты» хицау сылгоймаг кæй у, уый бæрæг у — салон алкæддæр — сыгъдæг, райдзаст, алцыдæр — йæ бынаты. Хъæр, зыст ныхас дзы нæ фехъусдзынæ.
— Ме стырдæр бæллиц маршрутон таксийыл сбадын уыди, зæгъæн нæй, фæлæ афтæ рауадысты царды уавæртæ. Куыст нæ уыд нæуæдзæм азты кæрон мæ дæсныйадыл. Хъавыдтæн иу гыццыл рæстæг мæхи бавзарын ацы бынаты, æмæ, æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ мæ зæрдæмæ фæцыд. Нæлгоймæгты ‘хсæн иунæг сылгоймагæн, æвæццæгæн, зын у, зæгъгæ, мæ арæх афæрсынц. Æз мæхиуыл уый нæ банкъардтон. Ме ‘мкусджытæй гуырымыхъ, æнæуаг ныхас никæд фехъуыстон. Нæ ахастдзинæдтæ сты æмсæр, кæрæдзи нымайæм. Бахъуаджы сахат мæм æзфæраздæронæй се ‘ххуысы къух æрбадарынц. Нæлгоймæгтимæ хъаруйæ мæхи нæ барын, уый раст нæу. Уыдон, цыфæнды куы уа, уæддæр махæй, сылгоймæгтæй, тыхджындæр, фæлтæрдджындæр æмæ профессионалондæр сты. Уымæ гæсгæ сæ бафæрсын мæ сæрмæ хæссын, æмæ мын цæстуарзонæй раргом кæнынц нæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Фæсмон ницæуыл кæнын, разы дæн мæ хъысмæтæй, — мидбылхудгæйæ нын радзырдта Наталья Невзорова.
Ам ма зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ хæдтулгæ зылдхъуаг никæд вæййы. Бæлццæттæ бафиппайдтой: Наташæйы машинæ цæуы лæгъз, æнæсхъиугæ, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытыл аивæй иуварсгæнгæ. Фæндаггон фæтк ницыхуызы фехалдзæн, уый тыххæй йæм дзырд никæд æрхауд абоны онг. Гъемæ йын нæ зæрдæ зæгъы дарддæр дæр лæгъз, рæсугъд фæндæгтæ. Фыдбылызæй хызт у кæддæриддæр, рæсугъд фæндæгтыл цу!

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here