Арфæтæ – ансамбль «Алан»-ы коллективæн

0
242

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд кадджын æмбырд Адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы 85 азы кадæн. Сфæлдыстадон коллективы уæнгтæн сæ юбилейы фæдыл арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Юбилейон концертмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыс-тоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, рес-публикæйы культурæйы министр Фидараты Сослан, стæй бирæ кадджын уазджытæ уæрæсейаг регионтæй.
Сергей Меняйло йæ арфæйы ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нæ республикæ æмæ æппæт бæстæйы культурæйы къабазы ансамбль «Алан»-æн ис сæрмагонд бынат.
– Алкæцы сфæлдыстадон коллективæн дæр йæ 85 азы юбилей ахсджиаг цау у. «Алан»-ы историйы кæд зын рæстæджытæ дæр уыд, уæддæр, ирон хореографийы хъæздыг традицитæ хъахъхъæнгæйæ, коллектив ныртæккæ уæндон къах-дзæфтæй размæ цæуы. Абон бузныджы ныхæстæ сæрмагондæй зæгъын хъæуы «Алан»-ы ветерантæн – уыдон стыр æвæрæн бахастой ансамблы хъомысы рæзтмæ, Ирыстонæн ном кодтой, куыд нæхи бæс-тæйы, афтæ фæсарæнты дæр. Ацы зæрдылдарæн юбилейы фæдыл арфæ кæнын, «Алан»-ы архайдмæ бар чи дары, æппæт уыцы адæмæн дæр, – загъта рес-публикæйы разамонæг.
Уый фæстæ Сергей Меняйло ансамблы артистты къорд схорзæхджын кодта республикæйы хæрзиуджытæй.
Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй майдан «Ирыстоны намысæн» лæвæрд æрцыд Мамиты Сосланæн. Кадджын ном «РЦИ-Аланийы адæмон артист» саккаг кодтой Агънаты Таймуразæн, Дзеранты Олегæн, Дзæгъойты Майяйæн, Хъодзаты Галинæйæн, Сергей Кургановæн, Хæбæлаты Ацæмæз æмæ Хуыгаты Аркадийæн, кадджын ном «РЦИ-Аланийы сгуыхт артист» – Атайты Астемырæн, Давид Ростияшвили æмæ Узегаты Валерийæн.
Цæгат Ирыстоны Кады грамотæйæ схорзæхджын кодтой Годжыцаты Аслæнбеджы, Хъантеты Вячеслав æмæ Лолаты Викторияйы.
Æппæт арфæйы ныхæсты фæстæ «Алан»-ы артисттæ равдыстой бæрæгбоны концерт. Уыимæ, уыцы изæр сценæмæ рацыдысты ансамблы ветерантæ дæр.
Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-æн бындур æвæрд æрцыд 1938 азы. Абон «Алан» у бирæ аивадон фестивальты уæлахиздзау æмæ премиты лауреат. Сфæлдыстадон коллектив гастролон балцыты уыд Германы, Францы, Бельгийы, Великобританийы, Китайы, Иордани æмæ бирæ æндæр бæс-тæты…

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here