Йæ цард радта наукæ æмæ Кавказæн

0
252

Нæ уарзон горæт Мæздæджы ном чи скадджын кодта, уыдоны ‘хсæн ис Кавказ иртасæг, историон наукæты доктор, профессор, Ленины премийы лауреат Евгений КРУПНОВ. Йемæ баст сты советон археологон наукæйы рæзты ирд æмæ кадджын сыфтæ. Советон наукæйы фондмæ хаст æрцыд «Цæгат Кавказы рагон истори», Евгений Крупновы фыст чиныг.

Фидæны ахуыргонд райгуырд Мæздæджы 1904 азы, мæгуыр бинонты ‘хсæн. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта 15-аздзыдæй, уыд æххуырст, уый фæстæ – хуымæтæг кусæг, дарддæр – къанторы кусæг. Астæуккаг скъола каст фæугæйæ ахуырмæ бацыд Цæгаткавказаг педагогон институты этнографион факультетмæ.
Студент уайтагъд йе ‘ргом аздæхта Цæгат Кавазы адæмты историмæ, культурæмæ, тынг ын фæагайдта йæ зæрдæ сæ хæдбындурдзинад. Уый ссис йæ царды ахсджиагдæр хъуыддаг. Йæ ахуыр адарддæр кодта Мæс-
куыйы паддзахадон университеты историон факультеты, йæ разамонæг – профессор, номдзыд археолог В.А.Городцев, афтæмæй. Райста 1930 азы археолог-кавказамонæджы дæсныйад.
Йæ сæрæн наукон архайд Евгений Крупновæн райдыдта уыцы рæс-
тæг, йæ куыстытæ федтой дунейы рухс. Уайтагъд йæ разамындæй, 1935 азы Паддзахадон историон музей Ирыстоны хæхбæстæм скодта фыццаг экспедици. Куыст цыдис Советон Цæдисы Археологийы наукæты академийы, 1941 азы сцæттæ йæ кандидатон диссертаци, фæлæ уæдмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст…
Йе ‘мбæлттимæ Евгений Крупнов бацыд адæмон хæдæфсады рæнхъытæм, фыццаг Ленинградаг дивизиимæ хæцыд Лугайы æмæ Смоленскы бынмæ, фæцæф, дзæбæх æй кодтой госпитæлы. Цыбыр фæлладуагъдæй спайда кодта æмæ ссыд Мæскуымæ, йæ кандидатон диссертаци æнтыстджынæй бахъахъхъæдта. Хæсты фæс-
тæ райдыдта йæ наукон архайд, быдырон экспедицитæ рапарахат сты, æппæт Цæгат Кавказы дæр уыцы куыст цыдис.
Дæсгай наукон-иртасæн æрмæ-
джытæ цыдысты мыхуыры, сæ фылдæр баст сты Цæгат Ирыстоны историимæ. Евгений Крупнов йæ разамонæг, афтæмæй иугонд архео-логон экспедици 1957 азы наукон къæхтытæ райдыдтой Змейкæйаг катакомбæты уæлмæрды æмæ Уæллаг Дзылаты. Уыдоны фæрцы ирон адæмы рагон историйыл бакусынæн фæзынд ног, хъæздыг æрмæг. Уый нымад æрцыд Советон Цæдисы егъаудæр наукон археологон экспедицийыл.
Йæ бындурон наукон фæллой «Цæгат Кавказы рагон истори» у ссæдз азæй фылдæры фыдæбоны хатдзæг: Кавказ хъæддаг хæххон къуым никуы уыд. Бирæ ахуыргæндтæ йæ афтæ нымадтой, Кавказ та разынд рагон культурæйы бындур. Уый æмдзу кодта иннæ раззагдæр бæстæтимæ. Кавказаг адæмы истори уæд баст уыд Рагон Скæсæн æмæ Европæйы бæстæты адæмты историимæ.
Ацы монографи 1960 азы, куыд докторон диссертаци, хъахъхъæд æрцыд. Йæ наукон ахадгæ куысты тыххæй 1963 азы Евгений Крупнов хорзæхджын æрцыд Ленинон премийæ. Уыд Фæллойы Сырх Тырысайы ордены, бирæ майданты хицау. Йæ бон бацис Кавказ æмæ Хæстæг Скæсæны бæстæты ‘хсæн бастдзинады тыххæй наукон куыст ныффыссын. Уый тыххæй йæ Ливан схорзæхджын кодта араббаг поэт Саид Аклейы номыл наукон премийæ.
Евгений Крупнов уыд йæ бирæнацион Фыдыбæстæйы патриот æмæ интернационалист. Йæ цард æм-хуызонæй радта Кавказы адæмты истори æмæ культурæ иртасынæн, йæхирдыгæй сæм æвдыста кад æмæ æцæг уарзондзинад. Кæд уырыссаг уыд, уæддæр йе сконд, йæ уд уыдысты кавказаг æууæлтимæ. Уыдис раст æмæ рæстаг адæймаг, æмбаргæ æмæ арфхъуыдыджын, кæддæриддæр зæрдæхæлар æмæ домаг. Фыццагдæр домдта йæхицæй, уарзта кусын, йæ ныхасæн уыд хицау.
Нæ музейæ æмæ нæ районæй иунæг фыстæг дæр æнæ дзуаппæй никуы ныууагъта, йæ чысыл Мæздæг тынг уарзта. Уарзондзинад уыд дыууæрдыгæй дæр. Йæ юбилейтæй иунæг дæр æнæрхъуыдыйæ никуы баззад. Мæздæггæгтæ йæ номыл схуыдтой горæты уынг, 3-æм скъола дæр хæссы Евгений Крупновы ном. Йæ кæрт сфидыдта ахуыргонды бюстæй (сарæзта йæ Хайты Владимир). Йæ юбилейтæй иумæ ссыдыс-ты Крупновы кæстæртæ – йæ фырт Александр æмæ чызг Риммæ. Йæ фырты ныхасмæ гæсгæ, Евгений Крупнов тынг уарзта йæ райгуырæн Мæздæг, йæ цæрджыты.
Евгений Крупнов уыд дзæбæх бинонты хистæр, æмдзард фæкодта йæ цардæмбал Валентинæ Подгорнаяимæ. Номдзыд ахуыргонд куыд дзырдта, афтæмæй кад кæнын хъæуы фæллойгæнджытæн, бæрзонд бынаты бадын афтæ ахсджиаг нæу. «Искуы мæ цард куы фæ-
ива, ахуыргонд мæ куы нæ рауайа, фæлæ – уынгтæмæрзæг, уæд мæ уынг уыдзæн æппæты сыгъдæгдæр» – ахæм ныхæстæ ныууагъта йæ фæс-тæ профессор Евгений Крупнов. Мах сæрыстыр стæм нæ зындгонд æмзæххонæй.

Челдыты Симæ,
Мæздæджы музейы директор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here