«Крокус Сити Холл»-ы фыдбæллæх

0
234

Куыд зонæм, афтæмæй 22 мартъийы, Мæс-куымæ хæстæг горæт Красногорскы «Крокус Сити Холл»-ы концертон залмæ изæрæй балæбурдта хотыхджын адæмы къорд, æхсын райдыдтой автоматтæй. Райхъуыстысты рæмыгъдтытæ, уый фæстæ бæстыхайы райдыдта зынгсирвæзт.
Концертон залы фæмард 137 адæймаджы, сæ нымæц, æвæццæгæн, сыгъд бæстыхайы бын чи баззад, уыдоны куы ссарой, уæд рæздзæн. Хъыгдард баййæфтой 182 адæймаджы. «Крокус Сити Холл»-мæ концертмæ æрбацæуджытæй 5 мин адæймагæй фылдæры ракодтой æдас ранмæ. Мæскуыйы, хæстæгдæр горæтты цæрджытæ туг дæттынц хъыгдардбаййафæг адæмæн.
Нырмæ уал террорис-тон фыдбæллæх саразæг къордæй æрцахстой 11 адæймаджы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here