Уæрæсейы Федерацийы Национ гвардийы æфсадыл 8 азы кæй сæххæст, уый фæдыл Уæрæсейы Гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы скодтой кадджын æмбырд.
Гвардийы уæнгтæн арфæ ракодтой, паддзахадон хæрзиуджытæй, кады нысантæй сæ схорзæхджын кодтой Уæрæсейы Гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы хицау, инæлар-майор Валерий Голота, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Æфхæрæн мадзæлттæ æххæстгæнæг управленийы разамонæг, булкъон Сергей Ролдугин.
Кадджын уазджытæ æппæт гвардионтæн æмæ сæ разамындæн сæ профессион бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодтой, сæ бинонтимæ æнæнизæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрой, уый сын загътой.
Æмбырды архайджытæ бакастысты Уæрæсейы Президент Владимир Путины арфæмæ, æмæ управленийы куысты тыххæй кинонывмæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














