Уæрæсе уыдзæн хæдбар, сæрибар æмæ тыхджын

0
579

Абон дызæрдыггаг нал у – Уæрæсе комкоммæ хæстон ныхмæлæуды саст не ’рцæудзæн, стæй, хæрзæрæджы куыд рабæрæг, афтæмæй йæ мидæг æмбæхст знæгтæн дæр, мæнæ «фæндзæм колоннæ» кæй хонынц, уыдонæн йæ фехалын нæ бантысдзæн. Уымæн ирд æвдисæн у, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты рæстæг Владимир Путиныл куыд бирæ адæм схъæлæс кодтой, уый.

Не знæгтæ æнхъæлдтой – хæстон быцæуы рæстæг, террористон ныббырстыты, æнæкæрон экономикон гæрæнты, нæ сабыр царды куыстуæттæ, артаг æмæ энергетикæйы объекттæ иудадзыг хъыгдарыны уавæрты Уæрæсе æрбаддзæн йæ фæстæгтыл, æрлæмæгъ уыдзæн. Фæлæ ныр кæсынц, æмæ фырмæстæй сæ дæндæгты къæс-къæс цæуы – паддзахад рæзы, тыхджынæй-тыхджындæр кæны.
Нæ зондахасты æрцыд егъау ивддзинæдтæ. Бирæ азты дæргъы нын нæ хъустæ æхсадтой ныгуылæн демократийы, сæ мифологийы, литературæйы, кинематографы хорздзинæдтæй, тыххæй дæр нын сæ уарзын кодтой, нæ рæзгæ фæлтæры, мæнæ сабийы адджын къафеттæй куыд сайай, афтæ сайдтой. Ныр уыцы рæстæгæн кæрон æрцыд, мах хуыздæр æмбарын райдыдтам дуне, нæ цæстытæ байгом сты. Ирдæй сбæрæг – уыдон æмæ махæн иумæйагæй ницы ис.
Уæрæсе сындæггай ахсы йæ аккаг бынат дунейы адæмты ’хсæн. Рæстдзинады фарс уал нырма мах схæцыдыстæм лæгæй-лæгмæ, йæ сæр та чи сдардта, уыцы ныгуылæйнаг нацизмы ныхмæ. Фæлæ нæ фарс у дунейы фылдæр æмбис, уынынц, хорз æмбарынц, цæмæ бæллæм, цæуыл тох кæнæм, уый.
Европæйы Цæдис æмæ Америчы Иугонд Штаттæ разы не сты æвзæрстыты бæрæггæнæнтимæ. Нæ сæ фæнды Владимир Путины æххæстбарджын Президент схонын. Махмæ уыцы хъуыддаг æппындæр нæ хъары, сæ бар сæхи уæд. Уымæй æппындæр нæ фæкъуыхцы уыдзыстæм, нæ нысантæ бæрæг сты, æмæ сæм ныфсджынæй цæудзыстæм дарддæр.
Стæй сын фыццаг хатт, мыййаг, куы нæ у. Иван IV Грозныйы дæр нæ нымадтой æцæг паддзахыл, афтæмæй та йæ рæстæджы Уæрæсейы зæххытæ фесты дыууæ хатты фылдæр. Бирæ рæстæг былысчъилтæ кодтой Петр I-ыл, уый та паддзахад йæ домбай къæхтыл слæууын кодта, Европæ дзы æмризæджы рызти. Æрыгон Советон Республикæ дæр сын цæсты сындз уыди, комкоммæ йæ нæ уыдтой, йæ ныцъцъист кæныныл æз фæраздæронæй архайдтой. Фæлæ чи цы дзуры æмæ кæцæй дзуры, уыдæттæ ницæмæ даргæйæ, йæ фæтæг Иосиф Сталин Уæрæсейæ сарæзта егъау, тыхджын паддзахад, абон дæр ма уый бынтæй цæрæм. Гъеныр Путины дæр сæ фæды-фæдмæ дæр ма банымайæнт Президентыл, уый уæддæр йæ куыст кæны æмæ кæндзæн, куыд хъæуы, афтæ йæ паддзахады, йæ адæмы пайдайæн.
Уæрæсейы æвзæрстытæ демократийы бындурыл нæ ацыдысты, зæгъгæ, чи хъæр кæны, уыдонæн та зæгъдзыстæм иу цалдæр дæнцæджы: Францийы президент Макроныл схъæлæс кодтой æвзарджыты æрмæст 16 проценты, ФРГ-йы канцлер Шольцыл – 19 æмæ Италийы президент Маттареллайыл – 15 проценты. Уæддæр бынæттæ бацахстой. АИШ-ы абоны сæргълæууæг Байден æвзæрстытæ нæ рамбылдта, фæлæ… ссис президент. Уый дын демократи! Владимир Путиныл та схъæлæс кодтой Уæрæсейы æвзарджыты гыццылхъуаг 88 проценты. Уæд ма ныхас цæуыл цæуы?
Уырны нæ – уыцы адæймаджы разамындæй цытджын Уæрæсе уыдзæн хæдбар, сæрибар æмæ тыхджын паддзахад.

Дулаты Олег,
Цæгат Ирыстоны Национ
музейы хистæр наукон кусæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here