Вано цардис быдыры хъæутæй иуы. Революцийы рæстæг активонæй архайдта ног цард аразыныл. Уыдис фæскомцæдисонты разамонæг. Колхозы дæр зæрдиагæй куыста. Ссис Коммунистон партийы уæнг. Адæм æй бирæ уарзтой, кусаг æмæ æнæхин адæймаг кæй уыдис, уый тыххæй. Хæсты размæ йæ равзæрстой хъæусоветы сæрдарæй.
Ванойæн-иу йæ мад арæх бакой кодта: «Æппын дæ дæхимæ куы не ‘вдæлы, дæ мадæн уæддæр фæтæригъæд кæн, бинонты хъуыддаг бакæн».
Бæргæ йын ис, бирæ кæй уарзы, ахæм чызг Ванойæн – сыхаг хъæуы. Уый дæр у йæхи хуызæн фæскомцæдисонты раздзог, фæлæ йемæ зæрдиагæй аныхас кæна, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ йын раргом кæна, уымæ йæ никуы равдæлд. Афон дæр ын куыннæ у, йе ‘мбæлттæй ма бирæтæн цот дæр ис.
Иуахæмы Ваномæ фæдзырдтой районы хицауад. Æмбырды лæппу ауыдта йæ сусæг уарзон чызджы æмæ фидарæй скарста, ацы хатт кæй аныхас кæндзæн Фариимæ зæрдиагæй. Æмбырды фæстæ чызгæн райхæлдта йæ уарзты къуыбылой. Куыд рабæрæг, афтæмæй чызг дæр уарзта Ванойы, фæлæ, ирон чызгæн куыд æмбæлы, афтæ уæздан дардта йæхи. Бирæ цыдæртæ ма фæндыд Ванойы зæгъын, фæлæ чызг тагъд кодта хæдзармæ. Лæппу разы уыд йæхицæй, уымæн æмæ йын чызг минæвæрттæ барвитынæн бар радта.
Нæ бафынæй сты уыцы ‘хсæв дыууæйæ дæр адæргæй, бирæ цæуылдæрты хъуыды кодтой.
Минæвæрттæ фæцыдысты, куыд æмбæлы, афтæ, бинонтæй разыйы дзуапп райстой. Снысан кодтой чындзæхсæвы бон дæр.
Чындзæхсæвæй иу бон раздæр чызджы хæдзары уыд ныхас мадæн йæ дыууæ чызгимæ. Фарийæн ма уыд хистæр хо Катя, уый уындæй уыд йæ хойы хуызæн, зондæй та – нæ. Хатгай-иу æнæууылд ныхæстæ сæппæрста. Мад æрбадын кодта йæ чызджыты йæ фарсмæ æмæ райдыдта дзурын, йе ‘ргом Фарийы ‘рдæм скодта, афтæмæй: «Зоныс æй, мæ чызг, дæ хистæр хойы дын нырмæ агурæг нæ уыдис, уый. Хистæры разæй смой кæнын та ирон адæммæ худинаг у. Афтæ бакæнæм, æмæ райсом дæ бæсты дæ хо Катя скæндзæн чындзы дзаумæттæ, æмæ йæ афæндараст кæндзыстæм». Фарийæн йæ туг иууылдæр йæ цæсгоммæ ныццавта уыцы ныхæстæм, нал æмбæрста, фын уыны æви æцæгдзинад у, уый. Мад ма цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæ чызг нал хъуыста, цавддурау лæууыд.
Ахæм æхсæв макæуыл скæнæд, Фари куыд фæхъизæмар кодта бонмæ. Мады ныхмæ рацæуын дæр йæ бон нæ уыд. Адæм æй куы базоной, уæд та? Хатгай-иу йæхи хъуыдытæй дæр фæтарстис. Куыд хъуамæ сисон мæ къух мæхимæ?
Афæндараст кодтой чындзы Фарийы бæсты Катяйы. Вано уыд хъæуы кадджындæр лæгтæй иу, æмæ йын тынг æгъдау радтой хъæубæстæ дæр. Чындзæхсæв ахицæн, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын сиахсы чындзы уатмæ бакодтой. Вано йæ уарзон чызг Фарийы бæсты Катяйы куы ауыдта, уæд йæ туг рафыхтис æмæ афтæ: «Æ, мæнæ налат, ды та ам цы агурыс?» Катя йæ иу æнгуылдз йæ былтыл авæрдта æмæ йын загъта: «Æнцад лæу! Кæннод дæ фæхудинаг кæндзынæн!» Цавæр хъуыдытæ уыд уыцы ‘хсæв Ванойы сæры, чи сæ базондзæн, фæлæ Катя æмæ Вано цæргæйæ баззадысты. Уыцы бонæй фæстæмæ Ванойы хъæлдзæгæй фенæн нал уыд. Райгуырдис сын дыууæ сывæллоны.
Чындзæхсæвы фæстæ Фарийæн йæ цард чи фехæлдта, уыцы мадимæ иу хæдзары цæрын йæ бон нал уыд, æмæ йæ куыст аивта Дзæуджыхъæумæ. Радтой йын фатер, уым фæцард йæ амæлæты бонмæ, мой нал скодта.
Уалынмæ райдыдта хæст, æмæ, кæд Ваномæ бронь уыдис, уæддæр бархийæ ацыд хæстмæ. Йæхиуыл нæ ауæрста, размæ æппæрста йæхи æдзух, фæлæ алцыдæр Хуыцауæй аразгæ у, – бахъахъхъæдта йæ. Ссыдис хæстæй. Хæсты фæстæ хъæуы уыд бирæ куыст, æмæ Вано архайдта дысфæлдæхтæй. Сывæллæттæ скъола каст фесты æмæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ институты ахуыр кæнынмæ. Мад сывæллæттæн загъта, цæмæй æмдзæрæнмæ ма бацæуой, фæлæ йæ хо Фаримæ. Уый уыцы рæстæг куыста райкомы партийы хайады хицауæй. Фари сывæллæтты сбуц кодта, хорз цæстæй сæм ракаст, фæлæ-иу æй арæх федтой кæугæйæ. Иу æхсæв æй сывæллæттæ нал ныууагътой: «Радзур нын, цæмæн фæкæуыс, уый». Гъемæ сын фæкодта йæ царды хабæрттæ. Сывæллæттæ сагъдауæй баззадысты. Ахуыр куы фесты, уæд дыууæйæ дæр хъæумæ нал раздæхтысты. Сæ цæстæнгас дæр аивтой сæ мадмæ. Фари куы базæронд, уæд йæ фатер йæ хойы цотыл скодта. Гъе, афтæ рауад дыууæ уарзгæ уды хъысмæт.
Ирбегаты Барис














